Дзæуджыхъæ уы 27-æм скъолайы ацыд ахуырдзауты 'хсæн республикон æркаст
Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ацыд ахуырдзауты 'хсæн республикон æркаст «Ирон аив дзырды дæсны». Æппæт республикæйы районтæй уæлахидзаутæ сæ цæттæдзинад æвдыстой дыууæ къæпхæны бацархайгӕйӕ. Фæсивæд радзырдтой хифыст æмæ зындгонд ирон фысджыты æмдзæвгæтæ. Æдæппæтæй сæ нымæц - 60-йæ фылдæр. Æрыгон курдиæттæн аргъ кодтой къамисы уæнгтæ. Уæлахиздзаутæ тагъд рæстæджы хорзæхджынгонд æрцæудзысты кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Фæнысан кæндзыстæм, республикæйы ацы къуыри ирон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды кадæн цæттæгонд кæй цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv