Цæгат Кавказы Федералон Зылды фæндаггон кусджытæ цæттæ кæнынц донивылдтытæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Цæгат Кавказы Федералон зылды фæндаггон кусджытæ сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц донивылдтыты рæстæгмæ. Æдæппæтæй фæнысан кодтой 21 фæндаджы уаццаджы, донивылдтытæй тæссаг кæм у, ахæмтæ. Цæттæгæнæн мадзæлтты рæстæг бацæттæ кодтой æппæт хъæугæ æрмæг. Кусынмæ цæттæ сты сæрмагонд техникæйы 167 иуæджы æмæ 400 кусæджы. Профилон ведомствойы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй арæзт æрцыд донивылдтыты ныхмæ мадзæлтты тыххæй къамисы æмбырд. Æрдзон фыдбылызтæ æрцæуынæй тæссаг цы регионты у, уыдоны хыгъдмæ хауы Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкес, Дагестан, Цæцæнæ æмæ Стъараполы край. Сарæзтой мониторинг. Тæссагдæр фæндæгты иумæйаг дæргъ у 35 километры. Донивылдтыты рæстæг арæхдæр хауы майы мæймæ. Уымæй уæлдай ма фæндæгтыл рабæрæг кодтой æдасдзинады домæнтæ æххæстгонд кæм не сты, ахæм 48 ахизæны. Уым дæр тæссаг у фыдбылызтæ æрцæуынæй. Ныртæккæ архайынц донвæдтæ расыгъдæг кæныныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Кавказы Федералон Зылды фæндаггон кусджытæ цæттæ кæнынц донивылдтытæм

Категория:

Новости и СМИ