Дзанайты Барис бабæрæг кодта Дыгуры районы социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Дыгуры районы социалон объектты арæзтад федта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Се 'хсæн скъолатæ, поликлиникæтæ, амбулаторитæ. Куыстытæ æххæстгæнæг компаниты сæйраг хæс — объекттæ афойнадыл бацæттæ кæнын, уыимæ ма сын сæ хæрзхъæддзинадмæ фау æрхæссæн куыд нæ уа, афтæ. Дзанайты Барис ма фембæлд районы сæргълæууæгимæ. Цæуыл ныхас кодтой хицауады уæнгтæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Сывæллæтты ацы поликлиникæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты. Куыстытæ цæуынц куыд мидæгæй, афтæ бæстыхайы алфамбылай дæр. Дыгуры районы рынчындоны объектæн цæттæ у йæ 90%. Ацы хорздзинадмæ районы цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты 30 азы. Къухы бафтыд национ проект «Здравоохранение» æххæст кæнгæйæ. Проекты фæлгæты дзы ауагътой инженерон коммуникацитæ, раивтой бæстыхайы сæр. Медицинон æххуыс афойнадыл райсынмæ дзы æппæт гæнæнтæ дæр ис. Кусæг балцы рæстæг ма федтой, нацпроектты фæлгæты цы объекттæ арæзт цыд, уыдон. Дзырдæн зæгъæм, национ проект «Ахуырады»-ы фæлгæты Хъарман-Сындзыхъæуы аразынц сывæллæтты рæвдауæндон, 120 сабийæн. Ацы хорздзинадмæ ссывæллæттæ æмæ ныййарджытæ афæдз æнхъæлмæ кастысты. Уагдон æрбынæттон хъæуы астæу. Ныридæгæн сæйраг куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой, фæлæ къухы нæ бафтыдысты. Къултæ афтид, бауадзын ма дзы хъæуы хъармгæнæн системæ. Ацы фарстатæм йе 'ргом аздæхта премьер Дзанайты Барис. Дыгуры район разæнгардæй архайы паддзахадон программæты. Сæ фæлгæты бындуронæй цалцæг кæнынц уагдæттæ. Дур-Дуры сывæлæтты хæдзар сног кодтой. Раивтой бæстыхайы дизайн: ныр сывæллæттæ уыдзысты хуыздæр уавæрты. Сæ гæнæнтæ дæр фæуæрæхдæр сты. Хицауады сæрдарæн балæвар кодтой стъол. Хъомылгæнинæгтæ йæ сæхæдæг скодтой. Ныр сывæллæтты хæдзар «Узæлд»-ы дæр хорз боныхъæдмæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæудзæн. Бирæ азты дæргъы сын футболæй хъазыны фадат уыд æрмæст кæрты. Ныр сын сарæзтой æхгæд, сæрмагонд бæстыхай. Ног спортивон залы ма ис уæлæмхасæн уат, фылдæр сывæллæттæ кæм бацæудзæн, ахæм. Социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты арæзтад Уæрæсейы регионтæн у, æнæмæнг, ахсджиаг хъуыддаг. Фæлæ сæйрагдæр у адæмæн куысты бынæттæ ссарын. Дыгуры районы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады федералон службæйы сæрмагонд программæйы фæлгæты 109 адæймагимæ бафыстой социалон контракттæ.Тауаситы Аланы фермæ у дæнцæгæн хæссинаг. Йæ куыстæй разы у, стурвосы нымæц рæзы. фидæны йæ фæнды цыхты куыст райдайын. Фæрæзтæй куыд спайда кодтой, уымæй Дзанайты Барис разыйæ баззад. Цавæр лыггæнинаг фарстатæ ма ис Дыгуры районы, ууыл Дзанайты Барис æрдзырдта районы сæргълæууæгимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй дондзæууæн хæтæлтæ заууат уавæрмæ æрцыдысты. Сæ 80% сты ивинаг. Мустыздæхы та нæй культурæйы хæдзар. Уымæ гæсгæ дзы цы уæлæмхасæн къордтæ хъуамæ архайой, уыдон кусынц спортивон залы. Æмбырды ма æрдзырдтой дыууæ скъолайы бындурон цалцæгыл. Рацараздзысты ма ноджы иу ахуырадон уагдон. Хицауады сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй, социалон къабазы куыстытæ кæнын хъæуы биноныгæй. Проекты сæйраг нысан — нæ республикæйы цæрджытæн цæрынæн хуыздæр уавæртæ скæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv