Турчы ирæтты æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæ бабæрæг кодтой Алайнаг гимназ
Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ сæмбæлдысты кадджын уазджытæ - Турчы ирæтты æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæ. Сæхицæн снысан кодтой цалдæр ахджиаг хъуыддаджы, æнæмæнг сæххæст кæнын кæй хъæуы, уыдон. Сæ иу - бабæрæг кæнын Алайнаг гимназ. Абон уырдæм абалц кодтой, семæ не сфæлдыстадон къорд дæр. Алайнаг гимназ бабæрæг кæнын Хъуысаты Садреттинæн æхсызгон вæййы. Республикæмæ куы æрцæуы, уæд хъуамæ, æнæмæнг, ардæм уазæгуаты æрбацæуа. Фæстаг хатт дзы дыууæ азы размæ уыд. Скъола нырма уæд æркуыста. Абон кадджын уазæгæн фадат фæзынд, ахуыргæнæндон куыд кусы æмæ ахуыргæнинæгты къухы цавæр æнтыстдзиндтæ бафтыд, уый йæхи цæстæй фенын. Кадджын уазджытæ æрзылдысты скъолайыл, аныхас кодтой сывæллæттимæ. Суанг ма сын фадат уыд урокмæ байхъусын. Хъуысаты Садреттинæн куыд зæгъы, афтæмæй алцыдæр кусы фæткмæ гæсгæ. Уæлдай цымыдисаг сæм фæкаст суанг ма англисаг æвзаг дæр кæй амонынц иронау, уый. Алайнаг гимназы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы ахуыргæнæндонмæ сæ сабиты æрбахонын кæй фæнды, ахæм ныййарджытæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Кæд раздæр уыдон ахуырадон процесс ирон æвзагыл кæй цæуы, уымæ зæрдæхсайгæйæ кастысты, уæд абон бынтон æндæр хъуыдыйыл хæст сты. Уыимæ ма ахуыргæнæндон афæдзæй-афæдзмæ фæлтæрдджындæр кæны. Туркаг уазджыты хъæддыхæй уырны, фидæны ахæм скъолатæ фылдæр кæй уыдзысты. Тынг æхсызгон сын у, ныридæгæн ирон æвзагмæ ахæм æргом кæй раздæхтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй Турчы ацы хъуыддаг аиуварс кæнын зындæр у. Ирыстонмæ туркаг ирæттæ куыд `ссæуынц, афтæ арæх Стамбулмæ араст вæййынц республикæйы минæвæрттæ дæр. Туркаг диаспорæимæ æмгуыст рагæй кæнынц. Уыимæ ма сæ хæлардзинады фæндæгтæ хъæддыхæй хъæддыхдæр кæнынц. Ирон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддагыл диаспорæйы минæвæрттæ тынг тыхсынц. Алы хъæугæ мадзæлттæ аразынц цæмæй ирон æвзаг зоной æрмæст хистæр адæм нæ, фæлæ ма сывæллæттæ дæр. Уый тыххæй рауагътой «Ирон-алайнаг историйы» тыххæй сæрмагонд чиныг дæр. Хъараты Маринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Турчы ирæтты æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæ бабæрæг кодтой Алайнаг гимназ
Категория:
Новости и СМИ