Фылдæр бафид æмæ æдыхст у

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

Нæ республикæйы æнæзакъон бырондæтты фарста, куыд уынæм, афтæмæй сабыргай раст кæны. Цæгат Ирыстоны саразынмæ хъавынц хъæбæр коммуналон хауæццæгты нырыккон полигон. Фæлæ цы кæнгæ у горæты кæртытæй бырæттæ ласыны куыст нывыл кæй нæу, уыимæ та? Быроны контейнертæ дзы лæууынц, фæлæ фаг не сты. Цæрджытæ та сæ сæхицæн зын нæ кæнынц æмæ сæ фылдæр сæ бырон уынгты аппарынц. Цæмæн афтæ у æмæ фарста куыд аивæн ис, уый раиртæста не сфæлдыстадон къорд. ¤Дзæуджыхъæуы бирæ кæртыты цы уавæр сæвзæрд, ууыл дис кæнын нæ хъæуы: хауæтдзæгты æмæ быроны контейнертæ фаг не сты. Адæм сæ бырæтты дзæкъултæ æддæмæ рахæссынц æмæ дзаг урнæ куы фенынц, уæд сæ фарсмæ зæххы ныууадзынц. Ацы фарста куыд алыг кæнын хъæуы, ууыл сæ сæртæ нæ риссын кæнынц. Сæ ныхстæм та ма бафтауынц – ацы хъуыддагмæ профилон организацитæ хъуамæ кæсой, зæгъгæ. Бырæттæ æмбырдгæнæн контейнертæ сæвæрынц санитарон уагмæ гæсгæ. Цæрæн бынæттæм 20 метрæй хæстæгдæр æмæ 100 метрæй дарддæр хъуамæ ма лæууой. Иу бынаты 5 контейнерæй фылдæр дæр хъуамæ ма уа. Ацы домæнтæ æххæстгонд куы нæ уой, уæд адæмы бон у «Роспотребнадзормæ» бахъаст кæнын. Фæлæ уый размæ бæргæ хорз уаид контейнерты нымæц фæфылдæр кæныны хъуыддагыл бацархайын. Ам та фæзыны иу дызæрдыггаг фарста – бирæтæ йæ нæ зонынц – цæрджытæ уæлæмхасæн контейнертæ сæвæрыны фæнд куы скæной, уæд сын фидын дæр фылдæр бахъæудзæн. Дзæуджыхъæуы администрацийы аив кæныны æмæ цъæхфæлысты управленийы хицауы хæдивæг Бирæгъты Аслан: «Хауæццæгты иу куб раласыны аргъ у 300 соммæ ввахс. Ацы фиддон цæрджыты нымæцыл адих кæнынц æмæ рæстæмбис нымадмæ гæсгæ мæймæ иу адæймагæн фиды 45 сомæй – 50 соммæ. Аргъ бирæ нæу. Регионты ‘хсæн æппæты къаддæртæй иу у. Уымæ гæсгæ, тынг зынаргъ у æмæ йæ бафидæн нæй, зæгъгæ куы фæзæгъынц, уæд уый, мæнмæ гæсгæ раст нæу». Хауæццæгтæ аласынæн фиддонтæ сбæлвырд вæййынц, цас бырон æмæ куыд арæх ласт æрцæуы, уымæ гæсгæ. Алцыдæр скæнæн ис цæрджыты фæндонмæ гæсгæ. Ивддзинæдтыл хъуамæ сразы уой бирæуæладзыгон хæдзары цæрджыты 50%-æй фылдæр. Уынаффæ та рахæссынц цæрджыты иумæйаг æмбырды æмæ йæ фæхæццæ кæнынц разамынддæттæг компанимæ, кæнæ хæдзары хицæутты æмбаладмæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы зæгъынц, горæты цы мин æмæ æрдæг контейнеры ис, уыдон фаг сты. Уыимæ адæм разы не сты. Кæй фæнды уыдонæн сæ хæдзæртты фарсмæ уавæр аивын сæ бон у – цæрджыты æмбырды сæ хъæуы иумæйаг уынаффæ рахæссын, бæлвырд ведомствæтæм курдиат бадæттын æмæ бырæттæ ласынæн фылдæр фидын. Фарста афтæ æвæрд у æмæ адæмæн æрмæст 2 хъуыддагæй равзарыны бар ис: кæнæ фылдæр фидын, кæнæ дзаг урнæтæм кæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фылдæр бафид æмæ æдыхст у

Категория:

Новости и СМИ