Ахæстоны цардæй
Алы адæймаджы бартæ дæр хъуамæ æххæстгонд цæуой. Уый хауы, ахæстоны чи бады, уыдонмæ дæр. Хъуыддагмæ лæмбынæг кæсы адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг æхсæнадон къамис. Уый фæдыл арæх саразынц басгæрстытæ, бабæрæг кæнынц, зæгъæм, ахæстæттæ. Сæхи цæстæй фенынц, ахст адæм цы уавæрты цæрынц, уый. Ацы хатт къамисимæ абалц кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Константин Добжинскийæн стæрхон кодтой Уголовон Кодексы 159 статьямæ гæсгæ - цæстфæлдахæн митæ. 4 азы ахæстоны баддзæн карз уавæрты. Уæвгæ, ахæм ран фыццаг хатт нæй. Раздæр ма куы уыд ахæстоны, уæд фæцалх хуыйæджы дæсныйадыл. Уыцы зонындзинæдтæ йæ дыккаг хатт дæр та бахъуыдысты. Карз уавæрты ма Константины хуызæн ам бады 700 адæймагæй фылдæр. Уæззау æмæ иттæг уæззау фыдракæндтыты тыххæй. Йæхи сраст кæныны фадат дзы ис алкæмæн дæр. Фæллойы руаджы. Цы куыст кæна, уый та алкæмæн - йæхи бар. Зæгъæм, ацы ахæстонæн ис хи дзулфыцæн. Ныртæккæ дзы сабыр у, фæлæ æхсæвы мæлдзгуыты губаккау базмæлы. Æрвылрайсом ахст адæмы фынгыл хъуамæ ногфых къæбæр уа. Ахст адæмы уавæртæм бæстон цæстæнгас ис. Ацы хатт ахæм нысанимæ бынатмæ сæмбæлдысты адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг æхсæнадон къамисы уæнгтæ. Йе сконды сты Ирыстоны зындгонд адæм. Иртасджытæ сæхи цæстæй федтой - ам никæй бартæ ничи дæлдзиныг кæны. Ахæстоны разамынд куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæллойы фæндагыл ноджы фылдæр адæм æрлæууиккой. Уымæн сæм фадæттæ дæр ис. Сарæзтой хъæдгуыстгæнæн æмæ хъæдæй дзауматы цехтæ Æрмæст сын сæ продукцимæ рады ничи лæууы. Æлхæнджытæ йын фаг нæй. Æрвылмæй йæ куыстæн ахæстоны уæвæг исы мызд. Закъонмæ гæсгæ æппынкъаддæр бæрцæй ныллæгдæр нæу. Уый ма сын уæлæмхасæн фадат у, сæрибар царды сæм чи `нхъæлмæ кæсы, уыдонæн æххуыс кæнынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ахæстоны цардæй
Категория:
Новости и СМИ