Æбæрæг тыхмигæнæг
Æнахъом чызгæн тыхми бакæнынæй кæуыл гуырысхо кæнынц, ахæм æрыгон нæлгоймагыл æрхæцыд уынджы `вæрд видеокамерæ. Дзæуджыхъæу та æддæг-мидæг ауад. Æнахъом чызгæн тыхми бакæнынæй кæуыл гуырысхо кæнынц, ахæм æрыгон нæлгоймагыл æрхæцыд уынджы `вæрд видеокамерæ. Пъæлицæмæ фыдгæнæджы ссарыны курдиатимæ бахатыд 8-аздзыд сывæллоны фыд. Куыд радзырдта, афтæмæй æнæзонгæ нæлгоймаг йæ чызджы фæдыл бахызт бирæуæладзыгон хæдзары лифтмæ æмæ райдыдта йæ `нæуаг митæ. Сывæллонæн раласын кодта йæ дзабыртæ æмæ йæ уæлæдарæс. Фæлæ æнæнхъæлæджы цæмæйдæр фæтарсти æмæ алыгъд. Афтæмæй бахауд видеокамерæйы цæстмæ дæр. Республикæйы мидхъуыддæгты министрады бæлвырд ныхас нæма загътой. Фæлæ иуæй-иу хъусынгæнинæгтæм гæсгæ фыдгæнæджы баурæдтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æбæрæг тыхмигæнæг
Категория:
Новости и СМИ