Кобесты Чермен рог атлетикæйæ дæрддзæфмæ гæпп кæныны ерысты рамбылдта Гран При
Кобесты Чермен агæпп кодта 5 метры æмæ 77 сантиметры дæргъмæ. Цæгатирыстойнаг паралимпиец йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты дзæбæх цæттæгонд. Фæуæлахиз кæнын ын бантыст, йæхиуыл хорз кæй бакуыста, уый. Ацы уæлахиз ын радта ныр фадат ноябры бацархайын Дубайты цы дунеон Чемпионат ацæудзæн, уым. Фæстæдæр та йæм æнхъæлмæ кæсынц 2020 азы Японийы цы параолимпаг хъæзтытæ уыдзысты, уым. Абон аныхас кодтон мæхæдæг Черменимæ. Бацæттæ нын кодта цымыдисаг видеоæрмæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кобесты Чермен рог атлетикæйæ дæрддзæфмæ гæпп кæныны ерысты рамбылдта Гран При
Категория:
Новости и СМИ