Кусæг балц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз абон ис кусæг балцы. Бæрæг кæны, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтад. Ныртæккæ ис Æрæфы районы, Советон поселочы. Уый размæ Хицауады сæрдар æрзылд Дзæуыджыхъæуыл дæр. Æркаст 27-æм скъолайы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уымæ. Аразджытыимæ ныхас кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз фарста, цавæр зындзинæдтимæ æмбæлынц, уый тыххæй. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, арæзтадон куыстытæ цæуынц куыд æмбæлы афтæ. Августы фæуыдздысты 27-æм скъола цалцæг кæнын. Сентябры та скъоладзаутæн йæ дуæрттæ байгом кæндзæн. Куыд зонут, афтæмæй скъола федералон программæмæ гæсгæ, фарон райдыдтой цалæг кæнын. Тускъаты Таймураз ма бабæрæг кодта тарнизты ныхмæ диспансер поселок Южныйы дæр. Медицион уагдон тагъд сараздзысты. Ныридæгæн райдыдтой мидæггаг æмæ аивгæнæн куыстытæ кæнын. Кæронмæ фæхæццæ кæнынц доны æмæ æндæр хæтæлты арæзтад дæр. Ифтонг кæнынц сыгъдæггæнæн кусæнгæрзтæ. Абон ма хицауады сæрдар федта национ музей дæр. Фæткмæ гæсгæ, ацы аз фæуыдзысты 2 бæстыхайы аразын. Æппæт куыстытæн бюджетæй радих кодтой 116 милуан сомы. 2017 азы фесты 1 бæстыхай аразын, иннæ азы кæрон та хъуамæ арæзтадон куыстытæ иууылдæр фæуой. Тускъаты Таймураз уыди Алагиры æмæ Беслæны дæр. Федта сывæллæтты 3 рæвдауæндоны аразтад куыд цæуы, уый. Алы объектæн дæр дзы бюджетæй радих кодтой 115 милуан сомы. Беслæны та федта адæмы кæлæдзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæмæ гæсгæ, цы ног бирæуæладзыгон хæдзар аразынц, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кусæг балц

Категория:

Новости и СМИ