Дзæуджыхъæуы дысонæй нырмæ уары мит
Дзæуджыхъæуы дысонæй нырмæ уары мит. Боныхъæды фæстиуджытæ Спецэкосервисы кусджытæ иуварс кæнын райдыдтой райсомы 6 сахатæй. Кæд горæты уынгтæ æвæстиатæй райдыдтой сыгъдæг кæнын, уæддæр хъыгдæрд чи баййæфта, ахæмтæ дæр разынд. Горæты сæйраг уынгтæй иуы сылгоймаг фæбырыд, ахауд æмæ йæ къах ныццавта. Фæхæццæ йæ кодтой Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ. Фæндæгтæ сыгъдæг æмæ пырх кæнынц дарддæр дæр. Бæстондæрæй специалисттæ æфснайынц æхсæнадон транспорты æрлæууæнты, фистæгцæуджыты ахизæнты. Райсомæй нырмæ уынгты кусы æппæт техникæ дæр. 24 иуæджы - мит æфснайæн хæдтулгæтæ, 9 тракторы, æмæ 200 специалисты. Æвзæр боныхъæды тыххæй дзуапдæттæг ведомствотæй шофыртæм сидынц, цæмæй фæндаггон змæлды домæнтæ æххæст кæной, фæндæгтыл цæугæйæ къæрцхъусдæр уой.