«Ирон хъазт»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

8 лет назад

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Сохиты Ланæ бацархайдта Цæгат Кавказы Фæсивæдон форум Машукы æмæ рамбылдта грант. Йæ проект хуыйны «Ирон хъазт». У зонадон. Бакуыста йыл бæстонæй, æрæмбырд дзы кодта æппæты ахсджиаг æмæ сæйрагдæр фæрстытæ. Йæ саразыны тыххæй йыл бирæ нæ хъуыды кодта. Æххуыс ын фесты йæ бинонтæ дæр. Афтæмæй сæ цымыдисаг хъазт парахат кæны. Нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæйы зæрдæмæ дæр фæцыд. Цыæ рмæг бацæттæ кодта, уымæ ма бакæсут Афтæ Сохиты бинонтæ æнгомæй арвитынц сæ изæр. Хæдзары сывæллæттæ гауызыл æрбадынц æмæ кæрæдзимæ цымыдисаг фæрстытæ фæдæттынц. Ахæм хъазт сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Стырæй-чысылæй дзуапп радтынмæ суанг рады ралæууынц. «Ирон хъазт». Афтæ хуыйны Сохиты Ланæйы проект. Йæ саразыны тыххæй йыл бирæ нæ рахъуыды-бахъуыды кодта. Фарон архайдта Цæгат-Кавказы Фæсивæдон форум «Машук»-ы. Эксперттæн раргом кодта йæ фæндтæ. Цавæр у йæ проекты сæйраг нысан, уый махæн дæр базонын кодта. Хъазт арæзт у алыхуызон фæрстытæй. Баст дæр алыхуызон къабæзтимæ сты. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд куыд хуыйны, кæнæ цавæр хуызтæй арæзт у нæ республикæйы тырыса, цы сæ нысан кæны алкæцы дæр? Нырма уал ацы проект кусын райдыдта, Ланæ цы скъолайы кусы, уым. Парахат æй кæндзæн Дзæуджыхъæуы иннæ скъолаты дæр. Ахæм хъазт саразынмæ йын фыццаджыдæр баххуыс кодтой алыхуызон дзырдуæттæ æмæ, æппынæдзух йæ фарсмæ цы адæймаг ис, уый - йæ мад. Дзуццаты Анжелæ йæхæдæг дæр у ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæрстытæ æрæмбырд кæнын æнцон хæс нæ уыд. Фæлæ ацы куыст йæ тæмæны куы бацыд, уæд ыл фæцалх сты æмæ йын йæ зынтæ хъуыды дæр нал кодтой. Анжелæйы ныхæстæм гæсгæ, Ланæ йæ проект æхсæв дæр йæ базы бын дардта, зæрдæргъæвдæй йыл архайдта. Æххуыс та йын æгас бинонтæй кодтой. Чи ма бауромдзæн ныр чызджы? Ланæ та ацы аз дæр фæнд кæны «Машук»-мæ ныууайын. Хъазт бирæты зæрдæмæ цæуы æмæ йæ уыцы хорзæх ноджы сразæнгарддæр кодта. Уæдæ цымыдисаг кæй у, стæй стыр пайда кæй хæссы, ууыл та дызæрдыг дæр ничи кæны. Æвзаг, æгъдау æмæ удварны хæзнатæн фесæфынæй цы дуджы у тæссаг, уым хъазты ахадындзинад уæлдай бæрæг дары. «Фæндтæ – бирæ», зæгъы Ланæ. Йæ зæрдæ дары, дарддæр дæр йæ къухы ахæм проекттæ хъуыды кæнын кæй æфтдзæн, ууыл. Фæсивæдæн - рухстауæн, чи йæ `рхъуыды кодта, уымæн та - æхцондзинад. Уæдæ Ирыстоны хорзæхæн дæр ахъаз кæй уыдзысты, уый ныридæгæн бæрæг у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Ирон хъазт»

Категория:

Новости и СМИ