Дзæуджыхъæуы ногдзауты галуаны байгом сæрдыгон лагерь «Фидæн»-ы æртыкаг рад
Дзæуджыхъæуы ногдзауты галуаны байгом сæрдыгон лагерь «Фидæн»-ы æртыкаг рад. Схуыдтой йæ «Легенды Арктики». Снысанæй кодтой Советон Цæдисы хъайтар Кучиты Юрийы сæдæ азы бонмæ. Мадзал аразджытæ сывæллæттæн сарæзтой алыхуызон конкурстæ æмæ викторинæтæ. Иу рады ис 130 адæймаджы. Æдæппæтæй 4 къорды. Рад аххæсы 18 боны. Уыцы рæстæг сывæллæттæ базондзысты Арктикæйы капитан Кучиты Юрийы царды фæндæгты тыххæй. Уымæй уæлдай ма сабитæ бабæрæг кæндзысты музейтæ. Абалц кæндзысты Кучиты Юрийы райгуырæн хъæу Тибмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы ногдзауты галуаны байгом сæрдыгон лагерь «Фидæн»-ы æртыкаг рад
Категория:
Новости и СМИ