Ивар фиддзысты
«Севкавказэнерго»-йы кусджытæ рейдты рæстæг рабæрæг кодтой, 14 хатты адæм электрон тыхæй æнæзакъонæй кæй пайда кодтой, ахæм цаутæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, уый бæрц электрон тых, зæгъæм, Æрæфы районæн уыдаид дыууæ боны фаг. Закъонхалджытæ сты иууылдæр хицæн адæймæгтæ. Æппæты фылдæр электрон тых давынц Дзæуджыхъæуы. Уым байгом кодтой дæвдтыты тыххæй 6 актты. Мæздæджы районы ахæм адæймæгтæ рабæрæг æртæ. Закъонхалджыты фылдæр æрдæг пайда кодтой, нымайæн прибор кæй нæ бæрæг кæны, ахæм уæлæмхасæн телтæй. «Севкавказэнерго» адæмы зæрдыл лæууын кæны, æнæзакъонæй электрон тыхæй чи пайда кæны, уыдоны ныхмæ дарддæр дæр административон хъуыддæгтæ кæй гом кæндзысты. Ахæм уагхæлдтыты тыххæй хицæн адæймæгтæ фиддзысты ивар 10-æй 15 мин сомы онг. Юридикон организациты хицæутты та сæ дзыппытæй исын хъæудзæн 100 минæй 200 мин сомы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ивар фиддзысты
Категория:
Новости и СМИ