Пъырыстыфтæ бадомдтой 59 милуан сомы Паддзахдон автоинспекцийы ивартæй
Тæрхондоны пъырыстыфтæ ма бадомдтой 59 милуан сомы Паддзахдон автоинспекцийы ивартæ фидынæй. Уый тыххæй хъусын кæнынц ведомствойы пресс-службæйæ. Ацы азы райдианæй федералон службæйы разамындмæ бахастой 319 мины æмæ 176 курдиаты. Сæ иумæйаг бæрц æхцайæ у 250 милуан сомы. Фæбæрæг кæнын хъæуы уый æмæ фарон азимæ абаргæйæ нымæц зынгæ фæбæрзонддæр. 2018 азы курдиæттæ 160 мины æмæ 511 уыдысты. Сæ бæрц та - 135 милуан сомы. 14 милуаны дзы бафыстой нозтджынæй хæдтулгæйыл чи сбады, уыцы шофыртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъырыстыфтæ бадомдтой 59 милуан сомы Паддзахдон автоинспекцийы ивартæй
Категория:
Новости и СМИ