Афæдзы райдианæй республикæйы фадынæг рабæрæг 31 адæймагмæ
Афæдзы райдианæй республикæйы фадынæг рабæрæг 31 адæймагмæ
Афæдзы райдианæй республикæйы фадынæг рабæрæг 31 адæймагмæ. Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, иртæст æрцыдысты лабораторон хуызы. 28 адæймаджы сты медицинон уагдæтты. Рынчынты 'хсæн 22 — сывæллæттæ. Æппæтæн дæр сæ буары тæвд бæрзонд бæрæггæнæнтæм хизы, риссы сæр, сæхи æнкъарынц лæмæгъ. 3 - 5 бонмæ та буарыл фæзыны лыстæг тæппытæ. Рынчынтæ прививкæгонд не сты. Уавæр хынцгæйæ, бæстæ æмæ республикæйы сæйраг санитарон дохтыртæ бафыстой бардзырд иммунизаци саразыны фæдыл. Уый у фæндонмæ гæсгæ. Вакцинаци ацæуæн ис лæвар.