Цы аивдзæн хорзырдæм?
Ацы аз бындуронæй сцалцæг кæндзысты 92 бирæфатерон хæдзары. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Сохъуырты Альберт. Амыдта йæ вице-премьер Фадзайты Æхсарбег. Куыд рабæрæг афтæмæй, бындурон цалцæгкæнæн куыстытæ къуылымпы кæнынц, адæм фиддонтæ æвзæр кæй фидынц, уый аххосæй. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хуыздæр фиды Мæздæджы район. Æппæты æвзæрдæр та фидынц Æрæфы, Дыгуры, Æрыдоны æмæ Горæтгæроны районты. Æмбырды ма æрдзырдтой горæты æнцонвадат царды архайды программæйыл. Пъланмæ гæсгæ, муниципалитетты базилдзысты бирæуæладзыгон хæдзæртты 34 кæртмæ æмæ сараздзысты 10 æхсæнадон фæлладуадзæн бынаты. Куыстытыл схардз кæндзысты 153 милуан сомы. Районты разамынды размæ æвæрд æрцыд хæс, 1-æм июльмæ арæзтадон организацитимæ бадзырдтæ бафыссын. Фадзайты Æхсарбег ма бафиппайдта - федералон ведомствæтæ регионтæй кæй домынц, æппæт куыстытæ афоныл æххæстгонд куыд цæуой, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цы аивдзæн хорзырдæм?
Категория:
Новости и СМИ