Пайдайаг æмгуыстад
Компани «Ремдизелы» минæвæрттæ Татарстанæй ссыдысты Дзæуджыхъæумæ. Сæ балцы сæр уыд завод «Бином»-ы фæзуæттæ фенын. Цæмæн, куы бафæрсат, уæд та уымæн, æмæ сæм се `хца Ирыстоны бахардз кæныны фæнд æрцыд. Инвестортæ фæнд кæнынц Цæгат Ирыстоны лæггæдты центр байгом кæнын. Цалцæг дзы кæндзысты саст æмæ хæлд КАМАЗ-тæ. Бæлвырддæр ног куыстады тыххæй - нæ уацхæсджыты æрмæджы. Хæрз æрæджы дæр ма ацы бынат хауæддзæгтæй дзаг уыд. Иу Камаз иннæйы æййафгæйæ, ластой бырæттæ тоннæгæйттæй. Дæсгай азты сæм кæсæг нæ уыд. Фæлæ заводы бæстыхай кæдæй-уæдæй ссыгъдæг кодтой. Ныр рад æрхæццæ куыстадон цехтæм дæр. Рагæй сæ нæ пайда кодтой æмæ заууатмæ æрцыдысты. Нæ республикæйы промышленность æмæ транспорты министрады зæгъынц, ацы хъуыддаг дæр кæй аивдзæн. Камаз та ногæй фæзындзæн, фæлæ æндæр хæсимæ. Ныридæгæн инвесторты æрбахуыдтой Татарстанæй. Хайдарбек Бутов , РЦИ-Аланийы промышленность æмæ транспорты министр: «Ныхас цæуы уæззау техникæ цалцæг кæнынæн центры тыххæй. Уый уымæн æмæ ам лæууы 58-æм æфсад. Æнæхъæн Цæгат Кавказы федералон зылды дæр йæ хæйттæ вæййынц. Уымæй уæлдай ма хицæн адæймæгты камазтæ дæр цалцæг кæндзысты. Ныртæккæ дзы цы кусынц Биномы, уый дæр уæдæ ничи сæхгæндзæн.» Компани Ремдизелы минæвæрттæ лæмбынæг æркастысты фидæны индустриалон парчы бæстыхаймæ. Ам инвестортæ фæнд кæнынц Камазтæ цалцæггæнæг центр саразын. Иу ныхасмæ нæма `рцыдысты, фæлæ дзы пайда кæй ис, уый æмбарынц. Уазджытæ - Дзæуджыхъæуы географион ранæй, фысымтæ - экономикæйы фидæны рæзтæй. Хайдарбек Бутов , РЦИ-Аланийы промышленность æмæ транспорты министр: «Республикæйы хицауадимæ нæ хæс у ног центр саразын. Нырыккон технологитæй пайда кæм кæнынц, ахæм куыстад нæ абон тынг хъæуы. Уымæй уæлдай ма куысты бынæттæ дæр, бюджетмæ æфтиæгтæ. Уый хъæуы республикæйы экономикæйы рæзтæн». Завод «Бином» рагæй нал кусы, зæгъгæ, хъуыды кæнын нæ хъæуы. Инструменталон цех дзы у ног арæзт, ног кусæнгæрзтæ дæр æрбаластой. Гальваникон цехæн дæр йæ 97% цæттæ у. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, продукци у ног технологитæм гæсгæ арæзт. Инвестортæ дæр сæ сæхи цæстытæй федтой. Зульфат Аукин, компани «Ремдизель»-ы генералон директоры уынаффæгæнæг: «Акционерон æхсæнад «Бином»-ы фæзуатмæ æркæсгæйæ, федтам нæхæдæг бæстыхайы уавæр. Ис дзы, фидæны уæзласæн хæдтулгæтæ цалцæг кæнынæн чи бæззы, ахæм рæттæ». Цыбыр рæстæгмæ æрдзырдтой заводы техникон уавæрыл. Æхцайы кой ничима скодта. Цас ыл хъуамæ бахардз кæной, уый инвестортæ сæхæдæг дæр нæма зонынц. Дызæрдыггаг нæу, чысыл кæй нæ уыдзысты. Фыццаджыдæр уал хъæуы цалцæггæнæн куыстытæ цехты бакæнын, стæй уæд иннæтæ дæр. Æппынфæстаг, кусæнгæрзтæ баласын. Кæд алывæрсыг экспертизæйы хатдзæгтæ дыууæты зæрдæмæ дæр фæцæуой, уæд æмгуыстадмæ дæр бирæ нал баззайдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Пайдайаг æмгуыстад
Категория:
Новости и СМИ