Тагъд цæуынæй сæхи бавзæрстой
80 адæймагæй фылдæр архайдтой Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты мотокроссæй. Уæрæсейы чемпионаты æрдæгфинал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Суанг ма Азербайджаны минæвæртты дæр суазæг кодта Ирыстоны зæхх. Ахæм стыр турнир ирыстойнæгтæ 25 азы нæ федтой. Аразджытæ йæ Уæлахизы Бонмæ хуымæтæджы нæ сæмгъуыд кодтой. Бар лæвæрд æрцыд æмæ æфсæнбæхтæ размæ атындзыдтой. Спортсменты сæйраг нысан - трассæйыл се `ппæты разæй, финалмæ фыццаг æрбацæуын. Фæндаджы дæргъ — километр æмæ `рдæг. Архайджыты сæ кармæ гæсгæ адих кодтой, сæ тыхтæ фæлварынц ерысты 12 хуызы. Ерысты архайынц алы регионты минæвæрттæ. Спортсментæ ссыдысты Цæгат Кавказы республикæтæй, Хуссар Федералон зылдæй, Белгородæй, суанг ма Азербайджанæй дæр. Мотокросы уыд фенын куыд Европæйы æмæ дунейы чемпионатты архайджыты, афтæ ацы спорты хуызы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны уыдоны дæр. Архайыны бар лæвæрд ис 8 азæй 60 азы онг кæуыл цæуы, ахæм экстремалтæн. ТрУсовы бинонтæ та ерысты сæ тыхтæ бавзарынмæ æнæхъæн бинонтæй ссыдысты. Мотоспортимæ сæ цард рагæй сбастой. Фыццаг уыд фыд, уый фæстæ фырттæ дæр фæцахуыр сты æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Тагъд цæуын сын стыр æхсызгондзинад у. Ерыстæ дæр сæ зæрдæмæ цæуынц. «Мотокросс махæн хуымæтæг спорт хуыз нæу, нæ царды ахсджиаг бынат ахсы. Трассæйæ та хъæуы раппæлын, фæлæ бырынцъаг кæй уыд, уый тыххæй зынгомау. Фæлæ уæддæр зæрдæмæдзæугæ æмæ цымыдиссаг рауад», — Вадим Трусов. Чемпионат йæхи цæстæй фенынмæ чи æрбацыд уыдонæн дæр, цымыдисаг у. Спортуарзджытæ сæдæйæ фылдæр уыдысты. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ турнир Уæлахизы бонмæ хуымæтæджы нæ сæмгъуыд кодтой. Мотоспорт республикæйы рæзы æмæ парахат кæны. Дзæуджыхъæуы арæзт чемпионат уымæн æвдисæн. Цæгат Ирыстойнаг спортсментæ дзы райстой 11 разагдæр бынаты. Уæлахиздзаутæн та фадат уыдзæн сæ тыхтæ Æппæтуæрæсеон чемпионаты бафæлварын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тагъд цæуынæй сæхи бавзæрстой
Категория:
Новости и СМИ