Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ райсом бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон
Пъæлицæйы кусджытæн райсом у сæ профессионалон бæрæгбон. Уый фæдыл сын республикæйы сæргълæууæг арфæ ракодта. Кадджын уавæры хуыздæр кусджыты схорзæх кодта кады æмæ бузныджы фыстæджытæй. Мидхъуыддæгты министрады кусджыты бон Уæрæсейы бæрæг кæнынц алы аз дæр, 10-æм ноябры. Пъæлицæйæгты хæстæм хауы - æхсæнадон æдасдзинадыл кусын, фыдракæндты ныхмæ архайын æмæ адæмы хъахъхъæнын. Уымæй уæлдай ма архайынц терроризмы, экстремизмы æмæ наркотиктæ парахат кæныны ныхмæ. Цæгат Ирыстоны хуыздæр пъæлицæйæгтæн ма арфæйы ныхæстæ æмæ зæрдылдарæн хæрзиуджытæ балæвар кодта Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv