Дæллаг Санибайы цæрджыты тыхсын кæны Дзæуджыхъæуæй Алагиры 'хсæн фæндаджы уавæр
Дæллаг Санибайы цæрджытæ нæ телекомпанимæ хъæстмæ æрбацыдысты. Дзæуджыхъæуæй Алагиры 'хсæн фæндагыл цæугæдон Соленая сæрты хид уынгæгæй-уынгæгдæр кæны. Ныр дæр та дзы фæзынд ног гæрæнтæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, стыр блокты тыххæй шофыртæ сæ развæндаг нæ уынынц. Æмткæй райсгæйæ, ацы къуылымпыдзинæдтæ арæх расайынц фæндаггон фыдбылызмæ. Уавæры тыххæй фæсидтыстæм Упродор Кавказы дзæуджыхъæуккаг филиалмæ. Директор Гуыбаты Чермен куыд фæнысан кодта, афтæмæй, æвдæм километрыл хиды къултæ æркалдысты июны тæрккъæвдаты фæстæ. Тротуары астæуккаг цæджындз дæр хъыгдæрд баййæфта. Æдасдзинады тыххæй блоктæй бацауæрзтой æрмæст фæндаджы былгæрон. Фæндаджы хаймæ æвнæлд не 'рцыд. Æппæт нысæнттæ æвæрд сты домæнтæм гæсгæ. Тагъдад дзы фæкъаддæр кодтой 40 километры онг сахатмæ. Ацы уаддзагыл фæндаггон фыдбылызтæ не 'рцыд. Гуыбаты Чермен куыд бафиппайдта, афтæмæй объект саразыны фæдыл сæрмагонд курдиат ныридæгæн арвыстой. Хъæуы æппæт мадзæлттæ дæр баххæст кæнын, цæмæй хид бынтон ма ныккæла. Уымæй уæлдай ма Дæллаг Санибайы цæрджытæ хъаст кæнынц ацы уаддзагыл рухсдæттæн цæджындзтæ кæй нæй. Гуыбаты Чермен куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæндаг цæуы хъæуы иувæрсты. Фарстайы тыххæй дзуапдæттæг ведомствойы зонынц.