Ахсджиаг фарстатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Æппынкъаддæр афæдз иу хатт районы хицауад хъуамæ æмбæла хъæуты цæрджытимæ дæр. Ахæм хæс сæвæрдта Битарты Вячеслав бынæттон хиуынаффæйады органты разамындæн. Ахæм фембæлдтæ куыд æмбæлы, афтæ арæзт кæй нæ цæуынц, уый республикæйы сæргълæууæг рабæрæг кодта цæрджытимæ ныхасгæнгæйæ. Уымæй уæлдай ма Битарты Вячеслав бабар кодта районты разамонджытæн Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æхсæнадон æххуысгæнджытимæ æмгуыстад кæнын. Уый æххуыс уыдзæн æркæсинаг фарстатæ æвæстиатæй аиуварс кæнынæн. Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас цыд коммуналон лæггæдтæн цы хæстæ ис, ууыл "Севкавказэнерго"-йы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Андрей Ерешкины ныхæстæм гæсгæ, æмткæй райсгæйæ 2018-æм азы хæстæ хуыздæр фыст цæуынц. Фæлæ уæддæр республикæйы кæцыдæр районтæ æххæстæй сæ хæс нæ сæхгæдтой. Ахæм уавæр ис Рахизфарсы, Æрæфы æмæ Дыгуры районты. Битарты Вячеслав бабар кодта æппæт коммуналон лæггæдты районты хæсты тыххæй бæрæггæнæнтæ сæмбырд кæнын, æмæ къуырийы æмгъуыдмæ уавæр сраст кæныны мадзæлтты "фæндаггон картæ" саразын. Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг бабар кодта лæггæдтæн фидыны рæстæг æрвылмæй 15-æм æмæ 25-æм бон сфидар кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ахсджиаг фарстатæ

Категория:

Новости и СМИ