Æвæстиат мадзæлттæ
Дзæуджыхъæуы базарадон центр «Столицæ»-йы абон æрцыд зынгсирвæзт. Æвæстиатæй бынатмæ ацыдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады зынгхуыссынгæнджытæ. Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арт апарахат базарадон центры æртыккаг уæладзыджы 20 квадратон метры фæзуатыл. Арт ахуыссын кæныныл архайдтой 52 зынгхуыссынгæнæджы. 1200 адæймаджы акодтой æдас ранмæ. Рагагъоммæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, арт схæцыд центры цы хæрæндæттæ ис, уыдонæй иуы. Уый фæстæ вентиляцион системæйыл апарахат. Цыбыр рæстæгмæ зынг ахуыссын кодтой. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. зынгсирвæзт цæй аххосæй æрцыд, уый бæрæг кæнынц специалисттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æвæстиат мадзæлттæ
Категория:
Новости и СМИ