Хуссар Ирыстоны Ирон драмон театр абон нæ республикæйы скъоладзаутæн сарæзта æцæг циндзинад
Ирон театры залы къахбавæрæн æмæ сывæллæтты хъæлдзæг худтæй бацæуæн нал уыд. Хуссар Ирыстоны актертæ сын равдыстой аргъау «Тæппуд тæрхъус». Ныффыста йæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Тъехты Уасил. Аргъау у хъæлардзинады тыххæй. Сывæллæтты размæ йæ рахаста Хуссар Ирыстоны ирон драмон театры режиссер Челæхсаты Эдуард. Сæйрагдæр ролтæ дзы ахъазыдысты Хуссар Ирыстоны адæмон артист Пъæрæстаты Дмитрий. Уый равдыста хинæйдзаг рувасы миддуне. Сгуыхт артист Чохели Наинæ та ахъазыд тæппуд тæрхъусы роль. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ сæйрагдæр хæс уыд - тæрхъусы миниуджытæ равдисын. Сывæллæттæн аргъау сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Театры аивадон разамонæг Дзуццаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ абон æрмæст сабиты зæрдæтæ нæ бахъæлддзæг кæндзысты, фæлæ ма хистæр кары аивадуарзджытæн равдисдзысты æндæр спектакль. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны Ирон драмон театр абон нæ республикæйы скъоладзаутæн сарæзта æцæг циндзинад
Категория:
Новости и СМИ