Хатдзæгтæ æмæ фæдзæхстытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Битарты Вячеславæн ма уыд цалдæр фембæлды. Ахсджиаг æмæ лыггæнинаг фарстатыл ныхас кодта Рахизфарсы районы администрацийы сæргълæууæг Фрайты Сослан æмæ Фæсивæдон парламенты сæрдар Биджелты Бертæимæ. Фрайты Сосланимæ æрдзырдтой Беслæны теракты хъыгдард чи баййафта, уыдонæн цæрæнуæттæ дæттыныл. Фарон дзы 228-æн хæдзæрттæ балхæнынæн радтой æхцайы фæрæзтæ. Æдæппæтæй - 300 милуан сомы. Рахизфарсы районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ацы фарста районы цæрджытæн ахсджиаг у. Дзырдтой ма федералон программæтæм гæсгæ цы арæзтадон куыстытæ цыд æмæ Уæрæсейы президент майы цы нысантæ сæвæрдта, уыдоныл. Рахизфарсы районы ма кæлæтдзаг бæстыхæйтты чи цæры, уыдоны æрцæрын кæндзысты ног агъуыстыты. Нысангонд пъланмæ гæсгæ 60 бинонтæн ратдзысты ног хæдзæрттæ. Заууатмæ чи æрцыд, уыцы 2000 квадратон метры бæстыхæйттæ та фехалдзысты. Уымæй уæлдай ма Беслæны аразынц дыууæ рæвдауæндоны, Заманхъул æмæ Бæтæхъойыхъæуы сараздзысты культурæйы галуан, хъазæн фæзтæ æмæ спортивон комплекстæ. Ольгинскæйы цæрджытæн та æхсызгон уыдзæн базонын, хъæуы донуадзæн хæтæлтæ дарддæр дæр кæй цалцæг кæндзысты, уый. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй районы программæтыл фарон хорз бакуыстой. Биджелты Бертæимæ фембæлгæйæ та фылдæр æргом аздæхтой фæсивæдон политикæмæ. Нæ республикæйы сæргълæууæг ын раарфæ кодта фæсивæдон Парламенты сæрдарæй йæ кæй равзæрстой, уый фæдыл. Куыд загъта, афтæмæй сæ размæ стыр æмæ зын хæстæ æвæрд ис. Фæлæ сын республикæйы æмæ бынæттон хицаудзинады уæнгтæ цæттæ сты æххуыс кæнынмæ. Хъуамæ æмгуыст кæной æмæ уæлдай цæстдард здахой алы къабазы курдиатджындæртæн æххуыс кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хатдзæгтæ æмæ фæдзæхстытæ

Категория:

Новости и СМИ