Хъæугæ цæстдард
Битарты Вячеслав бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый. Горæты мэр Æлбегаты Барисимæ бæстонæй æркастысты объектмæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæрдар радзырдта, куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Фарон декабры фесты паркæн йæ цалцæджы фыццаг къæпхæн. Уый тыххæй радих кодтой 70 милуан сомы. Уалдзæджы райдайдзысты дыккаг къæпхæны хæстæм. Фæнд сæ кæнынц ацы аз 1-æм ноябрмæ фæуын. Уыцы хъуыддагæн уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ радих кæндзысты 70 милуан сомы бæрц. Битарты Вячеслав куыд бафипайдта, афтæмæй куыстыты хæрзхъæддзинадмæ хъæуы уæлдай цæст дарын. Республикæйы сæргълæууæг хъæппæрис бахаста, цæмæй рухсдæттæн системæ нырыкконæй баивой, уымæй уæлдай ма йæ фæпарахатдæр кæной. Хъæуы ма дзы ног бандæттæ æмæ бырондæттæ сæвæрын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, сæйраг парчы цалцæггæнæн куыстытæ федералон программæ «Формирование комфортной городской среды»-йы фæлгæты кæй цæуынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæугæ цæстдард
Категория:
Новости и СМИ