50 адæймагæй фылдæр абон туг радтой сæрмагонд акцийы фæлгæты
Туг дæттыны станцæйы сарæзтой хæрзаудæн акци. Архайдтой дзы 50 адæймагæй фылдæр. Бынæттон хиуынаффæйады депутаттæ, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Фæсивæдон гвардийы уæнгтæ, фæсивæдон парламенты минæвæрттæ, Уæлахизы бархионтæ æмæ æндæртæ. Мадзал арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ ахæм акци аразыны ахадындзинад егъау у, уæлдайдæр та пандемияйы рæстæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv