Елхоты спортивон комплексы архайы 350 адæймаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

7 лет назад

Æнæниз цардыуаг парахат кæны. 2 азы размæ Елхоты кадджын уавæры байгом ног спортивон комплекс. Арæзт æрцыд федералон программæмæ гæсгæ. Спортивон комплексы фæзуат у 2700 квадратон метры. Адæмы цинæн кæрон нал уыди, уымæн æмæ ацы хъуыддагмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Комплексы кусы авд секцийы: уæгъдибар хъæбысхæст, дзюдо, бокс, æмæ æндæртæ. Уыцы-иу рæстæг дзы тренировкæтæ кæнын сæ бон у 360 лæппу æмæ чызгæн. Æрыгон спорстменты фадæттæ фæуæрæхдæр сты. Уый та уый нысан у æмæ Кировы районы дæр Олимпаг чемпионтæ кæй фæзындзæн. Цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, хъæуты фæсивæд æнæниз æмæ тыхджын кæй уыдзысты, ууыл. Елхоты спортивон галуанмæ абалц кодта ме `мкусæг Плиты Хетæг. Бацæттæ кодта цымыдисаг æрмæг. Бакæсæм æм.  Кæд ацы спортивон комплекс æрæджы фæзынд уæддæр афтид никуы вæййы. Ныридæгæн дзы йе `нæнизздзинад хъæддых кæнынц 400 сывæллоны. (цыппарсæдæ) Уыдон сæхи фæлварынц спорты алы хуызты. Аивадон гимнастикæйы, боксы, волейболы. Æдæппæтæй архайынц 7 секцийы. Ай та у хъæбысæй хæцынæн зал. Ацы спорты хуызы архайы 100 спортсмены. Уымæй уæлдай ма дзы саразынц ерыстæ дæр. Фæсивæд куыд зæгъы афтæмæй ацы райдзаст бæстыхайы уæлахиздзау суæвындæр æнцондæр у. Цалынмæ сывæллæттæ сæхи спорты хуызты фæлварынц уæдмæ сæ ныййарджытæн дæр фадат ис спортивон залы архайын. Ифтонггонд у нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты ахæм тренажертæй. Спортивон комплексы разамынд куыд зæгъынц афтæмæй ам æппæт уавæртæ дæр ис ерыстæ аразынмæ. 120 уазæгæн сæм ис бынат. Августы фæнд кæнынц дзюдойæ турнир саразын. Ахам уавæрты ацы бæстыхайæ бирæ уæлахиздзаутæ кæй рацæудзæн уый дызæрдыккаг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Елхоты спортивон комплексы архайы 350 адæймаджы

Категория:

Новости и СМИ