Хъæлдзæг сæрд
Центр «Хæлар зæрдæ»-йы кусын райдыдта дзæбæхгæнæн лагерь «Алайнаг стай». Цæуынц æм, 6 азæй 16-ы онг кæуыл цæуы, ахæм 52 сывæллоны. Сты бирæсывæллонджын бинонтæй. 11 азæй къаддæр кæуыл цæуы, уыдон лагеры уыдзысты 18 боны, хистæртæ та – æртæ къуырийы. Лагеры 1-аг фæлтæр байгом кодтой социалон æххуысы службæйы юбилейы фæлгæты. Уымæ гæсгæ лагерь граждайнаг-патриотон хуызы конд у. Сывæллæттæ сæхи ирхæфсдзысты спорты хуызтæй, сфæлдыстадон хъæзтыты. Психологтæ æмæ хъомылгæнджытæ та сæ ахуыр кæндзысты раст, аив æмæ рæсугъд дзурыныл. Уымæй уæлдай ма сывæллæттæм уазæгуаты æрбацæудзысты хъуыстгонд æмæ зындгонд уазджытæ. Араздзысты сын алыхуызон ахуыртæ. «Фæлæ сывæлæттæ æцæг æмбæлтты кæй ссарынц, сæйрагдæр уый у», - зæгъынц разамонджытæ. Лагеры разамонæг Акъоты Айлæ: «Цы сывæллæттæ нæм фæцæуынц, уыдон алкæддæр хъæлдзæг вæййынц. Сменæты фæстæ та бирæ рæстæг хæларæй фæцæрынц. Суанг ма фидæн азты дæр иумæ æрцæуынц, цы къордтæй уыдысты, афтæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæлдзæг сæрд
Категория:
Новости и СМИ