Ног рæвдауæндон
Беслæны абон кадджын уавæры байгом кодтой сывæллæтты ног рæвдауæндон. Ис дзы 120 бынаты. Сарæзтой йæ зæххæнкъуыстытæн фæразон объекттæ аразыны программæмæ гæсгæ. Кадджын мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Сабиты цинæн кæрон нæй, уæдæ ныййарджытæн дæр сæ зæрдæ райы. Беслæны абон уыдис æцæг бæрæгбон. Ацы сывæллæтты ног рæвдауæндонмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Из дзы 120 бынаты. Бæстыхай та 2 уæладзыгæй конд у. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыдис республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ иннæ министртæ. Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты рады лæууыны уавæрмæ уæлдай хъусдард цæуы. Рæвдауæндон аразын райдыдтой фарон. Пъланмæ гæсгæ арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой ацы аз декабры, фæлæ йæ раздæр фесты. Сарæзтой йæ зæххæнкъуыстытæн фæразон объекттæ аразыны программæмæ гæсгæ. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз дæр æм йæ цæст дардта. Абон та Битарты Вячеславимæ федтой цы дзы рауад, уый. Ныййарджыты зæрдæмæ дæр цæуы. Куыд зæгъынц, афтæмæй цæуын дæр æм ныр уыдзæн æнцондæр. Æдæппæтæй рæвдауæндоны уыдзæн 6 къорды – иу хæрз чысылтæн, дыууæ – гыццылтæн, астæуккаг æмæ хистæр къордтæ. Алцæмæй дæр ифтонг у ног кусæнгæрзтæй. Нырыккон домæнтæн дæр дзуапп дæттынц. Ис ма дзы, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн дæр æппæт уавæртæ. Дуармæ – стыр хъазæн фæз. Беслæны ма тагъд фæзындзæн иу ахæм рæвдауæндон. Уæд дзы рады лæууын æппындæр нал хъæудзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног рæвдауæндон
Категория:
Новости и СМИ