Лæгмар Гаджиты Асланы Австрийæ рарвыстой Уæрæсемæ
Лæгмар Гаджиты Асланы Австрийæ рарвыстой Уæрæсемæ. Адæм æй зонынц йæ фæсномыгæй – Джако, зæгъгæ. Хъусынгæнинаг дзыллон информацион фæрæзтæ апарахат кодтой абон. Уыдонæн та йæ базонын кодта Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады официалон минæвар Ирина Волк. «Абон Интерполы хъахъæнджытимæ Венæйæ Мæскуымæ `рбаластой Гаджиты Асланы. Аххосджын æй кæнынц барадхъахъхъæнджыты, хицауады кусджыты, амалхъом адæймæгты æмæ æндæрты кæй амардта, уымæй», - загъта Ирина Волк. Бафтыдта ма уый, æмæ Гаджиты Асланы æмхъузæттæ ныртæккæ ахст кæй сты. Йæхæдæг, куыд зонут, афтæмæй алыгъд фæсарæнтæм æмæ йæ цалдæр азы агуырдтой дунейы алы къуымты. 2015-æм азы йыл Австрийы фæхæст сты æмæ йæ æрцахстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй фыдгæнæг ацы бæстæйы хъавыд лигъдоны ном райсын. Уæрæсе рагæй домдта Австрийæ, цæмæй йын Гаджиты Асланы радта. Ныр Венæйы уæллаг тæрхондон сразы ис уыцы фæндыл. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын, Гаджиты Асланы аххосджын кæнынц 2008 азы Дзæуджыхъæуы мэр Хъараты Виталийы, Цæгат Ирыстоны вице-премьер Пагæты Хъазыбеджы, мидхъуыддæгты цалдæр минæвары кæй амардта, уымæй. Уæвгæ та лæгмары амæттæгтæ æрмæст Уæрæсейы баисты дæсгæйттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Лæгмар Гаджиты Асланы Австрийæ рарвыстой Уæрæсемæ
Категория:
Новости и СМИ