100 зубрæй фылдæр цæрынц Цæгат Ирыстоны
100 зубрæй фылдæр цæрынц Цæгат Ирыстоны. Уæрæсейы хъæддаг æрдзы фонд аразы хъæддаг галты радон хыгъд. Ацы аз мадзæлттæ аразын райдыдтой, Цъæйы цы фæдзæхстбынат ис, уым. 2010-æм азы дзы æрдзмæ рауагътой, фæсарæнтæй кæй æрбаластой, ахæм зубрты. Уæд хъæддаг галты мыггаг 50-йæ фылдæр нæ уыд. 10 азмæ уавæр зынгæ аивта. Уымæн æвдисæн сты ныртæккæ мониторинг цы бæрæггæнæнтæ æвдисы, уый. Афтæмæй, ацы азы январы мæймæ, Цъæйы фæдзæхс бынаты цæры 105 зубры. 10 дзы сты нырма родтæ, афæдз кæуыл цæуы, ахæмтæ. Æмткæй райсгæйæ, зæгъæн ис, æмæ цæрæгойты нымæц дзæвгар фæфылдæр. Фидæны ма сæ мыггаг фылдæр кæй кæндзæн, уымæй специалистты ныфс ис. Турмоны фæдзæхстран та уавæр æндæрхуызон у. Ис Цæгат Ирыстоны ныгуылæны*рдыгæй. Зубрты хыгъд саразын бантыст æрмæстдæр февралы астæу. Цæлхдуртæ сæвзæры, ацафон сырдтæ зын ссарæн кæй сты, уый тыххæй. Уæрæсейы хъæддаг æрдзы фонд, Кавказаг экорегионы директор Валерий Шмунк куыд зæгъы, афтæмæй Турмоны кæд 10 хъæддаг галы йеддæмæ нæй, уæддæр фæдзæхст бынаты фæзуат 3 хатты егъаудæр у. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ уыцы 10 зубры æрдзмæ рауагътой 2018-æм азы. Ацы сырды хуызтæй æндæр Цæгат Ирыстоны нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
100 зубрæй фылдæр цæрынц Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ