Дзанайты Барисы разамындæй хицауады æмбырды ныхас цыд социалон инфраструктурæйы объекттæ аразыны фæд
Дзанайты Барисы разамындæй хицауады æмбырды ныхас цыд социалон инфраструктурæйы объекттæ аразыны фæдыл бадзырдтæ бафыссыны тыххæй. Уыцы куыст ныр кæронмæ фæхæццæ кæны. Вазыгджын у бадзырдтæ рагагъоммæ бафыссын æмæ сæ æххæст кæнын райдайын. Æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад, культурæ, спорт, цæрæнуæтты-коммуналон æмæ фæндаггон хæдзарæдтæ, æхсæнадон бынæтты аив кæнынады куыд арæзт цæуы уыцы куыст, уый тыххæй радзырдтой дзуаппдæттæг министртæ æмæ ведомствоты разамонджытæ. Хицауады сæрдар бабар кодта министртæн, цæмæй социалон-экономикон объектты арæзтад дарддæр дæр ахæццæ кæной. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр уыцы хыгъдмæ бахастой Беслæны, Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты мадзæлттæ. Бæрнон министртæм та Дзанайты Барис фæсидт, цæмæй рагагъоммæ фæрæзтæ агурой. Афтæмæй, социалон, коммуналон æмæ фæндаггон инфраструктурæйы цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон æмгъуыдæй раздæр сцæттæ уыдзысты.