Цæгат Ирыстоны ацæргæ адæм сæхи ахуыр кæнынц ног дæсныйæдтыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны ацæргæ адæм сæхи ахуыр кæнынц ног дæсныйæдтыл. Нæ республикæйы национ проекты фæлгæты æххæстгонд цæуы сæрмагонд программæ «Хистæр фæлтæр». Æмгуыстады бадзырдтæ фыст æрцыд уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæттимæ. Йæ фæлгæты, пенсимæ рацæуыны агъоммæйы кары адæмæн сæ бон у, сæ дæсныйад аивынæн сæрмагонд ахуырадон курсытæ ацæуын. Ацы хатт практикон фæлварæнтæ цæуынц Цæгат Кавказы аграрон технологон колледжы, уыимæ Дзæуджыхъæуы бирæпрофилон техникумы æмæ Елхотты колледжы. Сæрмагонд фæлварæнты фæстæ ацæргæ адæм райсынц дæсныйады æвдисæндартæ. Ахуыртæ дзуапп дæттынц «Ворлдскиллс»-ы æппæтадæмон профессионалон стандарттæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уæлæмхасæн ахуырад æмæ йæ фæстæ ног куысты бынат ссарыны ахуыртæ цæуынц, национ проект «Демография»-йы фæлгæты цы программæ æххæст кæнынц, уый руаджы. Ног зонындзинæдтæ райсынмæ чи тырны, уыдонæн фадат ис проекты официалон сайтмæ бацæуын æмæ уым регистраци скæнын. Уый фæстæ та – ахуыртæм æрбацæуын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны ацæргæ адæм сæхи ахуыр кæнынц ног дæсныйæдтыл

Категория:

Новости и СМИ