Æхсызгон хабар
Кæдзæхтыл бырыныл æнувыд чи у, уыдонæн фæзынд фадат сæ уарзон спорты хуызæй зымæджы дæр архайынæн. Дзæуджыхъæуы байгом къæдзæхтыл бырыны центр «Rock Star», зæгъгæ. Кадджын уавæры кусын райдыдта 5-æм январы. Центр байгом кæныны хъуыды разынд, йæ бон æнæ ацы спорты хуызæй цæрын кæмæн нæу, уыцы фæсивæды къордмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй центр хуыздæрырдæм фæбæрæг уыдзæн нæ республикæйы кæдзæхтыл бырыны спорты хуызыл. Проект саразынæн фæрæзты иу хай райстой фæсивæдон форум «Машук»-ы. Центр дзуапп дæтты æдасдзинады домæнтæн. Архайæн дзы уыдзæн алкæй бон дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æхсызгон хабар
Категория:
Новости и СМИ