Ног закъонтæ
Ног азæн йæ ном - йæ уæлæ. Æрвылхатт дæр хæссы цавæрдæр ивддзинæдтæ. Афтæ та рауад ныр дæр. 1-æм январæй фæстæмæ уæрæсейæгтæн цæргæ уыдзæн иуæй-иу ног закъæттæм гæсгæ. Паддзахадон Думæ сæ куы фидар кодта, уæд депутаттæ хъуыды кодтой адæмы хорздзинадыл. Цы сæ рауайдзæн, уый та бæрæг уыдзæн рæстæгимæ. Уæдæ нæм цы `нхъæлмæ кæсы ацы аз. Хъулаты Юрий иуæй-иу ногдзинæдтыл афæлгæст æмæ сæ сымахæн дæр фехъусын кæндзæн. Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы дæр 1-æм январæй фæстæмæ сæ тых æрфидар кæндзысты ног закъæттæ. Сæ иу - рынчын уæвыны тыххæй гæххæтт райсыны уагæвæрд. Нырæй фæстæмæ йæ фысдзысты куыд электрон хуызы, афтæ гæххæттыл дæр: абоны онг куыд уыдис, уыйау. Дыууæ хуызæн дæр уыдзæн уыцы-иу юридикон ахадындзинад. Аивта фæкъуыввитт уæвыны закъон дæр. Раздæр уыцы хабар саразынæн паддзахады къазнамæ баппарын хъуыдис 6 мин сомы хъалоны хуызы. Ныр уыцы нымæц æрцыбыр æртæсæдæ соммæ. Раздæры минтæ та паддзахад домдзæн хицæн адæймæгтæй нæ, фæлæ юридикон уагдæттæй. Социалон хызæгты куыст дæр æрбакуыддæртæ ис. Нырæй фæстæмæ дзы, 14 азы сæрты чи агæпп кодта, уыдон æнæ паспортæй сæхи не сбæрæг кæндзысты. Æрхъуыдыгонд нæмттæ, «папина дочка» кæнæ «мамин сынок», зæгъгæ, ахæмтæй, стæй алыхуызон аватартæй пайда кæнын дæр нал бантысдзæн - æрмæстдæр хи ном æмæ мыггаг. Закъон чи хала, уыдонæн та сæ дзыппытæ фæлдахдзысты ивары тыххæй. Фиддзысты йæ сайтты хицæуттæ, чи сæ пайда кæндзæн, уыдон, кæнæ та æнахъом сабиты ныййарджытæ. Фæлæ афонæй раздæр мачи аралло кæнæд - ацы закъон æххæстæй фидаргонд нæма у. Чи байрæджы кодта, уый ныр фæсмон кæнæд. Хи цæрæнуат лæварæй приватизаци скæнæн нал ис. Фæнды дæ, уæд дæ чыссæмæ нывнал æмæ де `хцайы хыбар-хыбур паддзахадæн фехъусын кæн. Лæварæй ма уыцы бар ныууагътой æрмæстдæр Хъырымы цæрджытæн, сидзæр сывæллæттæн æмæ приватизаци скæнынæн курдиат 2005 азы размæ чи балæвæрдта, уыдонæн. Иннæ закъонæй, ахуыпп кæнын чи уарзы, уый бавзæр уыдзæн. Бæгæныйæ уал райдыдтой. Нырæй фæстæмæ йæ литр æмæ `рдæг бæрцуатæй фылдæр уадзæн нæй. Чи бафæлвара, уый фæивар кæндзысты милуаны `рдæджы онг, æппынкъаддæр - 300 мин сомы. Сæрмагонд бæрæггæнæн нысан та æвæрын райдайдзысты фæсайрæйнаг сæнтыл. Цы сæнæфсирæй уагъд у, уый хъуамæ бæлвырд уа. Афтæмæй, дам, сæны бæсты æхсæнтæ дон чи уæй кæны, уый рохтыл æрхæцдзысты. Адæм та хъуамæ ныххæррæтт кæной уæрæсейаг сæн æлхæнынмæ. Цæттæ сты ногдзинæдтæм барадхъахъхъæнджытæ дæр. Алименттæ, автоинспекцийы ивартæ æмæ æндæр ахæм хæстæ чи нæ фиды, уымæн, гæнæн ис, æмæ байсой йæ машинæ тæрыны бардæттæг гæххæттытæ. Ратдзысты йын сæ, куыддæр йæ хæсты бынæй суæгъд уа, афтæ. Шофыры гæххæттытæ байсыны тыххæй курдиат бадæттыны хъæппæрис ныр уыдзæн тæрхондоны пъырыстыфтæм дæр. Ног азы райдианимæ фæфылдæр уыдзысты, инвалид сывæллæттæ кæм хъомыл кæнынц, ахæм бинонты æфтиæгтæ. Цы льготæтæй пайда кодтой, уыдон баззайдзысты æнæивгæйæ. Хорз у, фæлæ æфтиæгты бæрц худтæ хæрдмæ `ппарыны онг нæ рауайдзæн. Фæфылдæр уыдзæн мадæлон капиталы бæрц дæр. Суыдзæн 480 мин сомы. Фиддзысты йæ, бинонты `хсæн дыккаг кæнæ æртыккаг сывæллон куы райгуыра, уæд. Программæ хæццæ кæндзысты суанг афæдзы кæронмæ. Мадæлон капитал ма ныр бахардз гæнæн уыдзæн инвалид сывæллоны сдзæбæх кæныныл. Иннæ ног закъонæй та, Уæрæсемæ кусынмæ чи хъавы цæуынмæ, уыдон фæтæрсдзысты. 1-æм январæй фæстæмæ уыцы уазджытæ хъуамæ фидой æхца, уырыссагау арæхстджынæй кæй дзурынц æмæ, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, Уæрæсейы истори кæй ахуыр кодтой, уый тыххæй. Ныртæккæ уал уыцы фиддон 1 мин сомы йедтæмæ нæу. Уыдонæй паддзахады æвæрæнтæм цæуы æрмæстдæр 200 сомы. Цас уыдзæн фиддоны бæрц ныр, уый бæлвырд нæма у. Фæндагыл цæуæг шофырты та нырæй фæстæмæ хъæуы уæлдай къæрцхъусдæр уæвын. Ивартæ сæхиуыл дзæвгар схæцдзысты. Сæ бафидыны уагæвæрд дæр фæивдзæн. Шофыртæй искæй æнæрегистрацигонд хæдтулгæйыл куы рацъипп кæной, уæд уыцы «цъиппы» аргъ уыдзæн 5000 сомы. Науæд та шофырæн йе `вдисæндар байсдзысты. Цы `мбæлы, уымæй тагъддæр цæугæйæ йæ дыккаг хатт куы `рцахсой, уæд ма йæ иварæй дарддæр афхæрдзысты 2000 сомæй дæр. Светофоры сырх рухсыл фыццаг хатт ахизгæйæ шофыр фиддзæн ивар, куы ма йæ `рцахсой, уæд ын байсдзысты йæ гæххæттытæ афæдзы `рдæджы `мгъуыдмæ. Йæ хæдтулгæйы æвгтæ æгæр чи ныттар кæна, уымæн дæр йæ бынат ссарын кæндзысты. Нырмæ уал 500 сомæй фылдæр сæ дзыппытæн ницы знаггад хастой. Ног азæй фæстæмæ ма сыл дыууæ ахæмы афтдзæн - ивар суыдзæн мин æмæ `рдæг. Кæд ма шофырмæ йе `вгты тыххæй дыккаг хатт ныхас æрхауа, уæд æй барадхъахъхъæнджытæ «фæмæгуыр» кæндзысты 5000 сомы бæрц. Æмæ уымæй дарддæр дæр - афтæ. Йæ ивартæ 12 куы бауой, уæд ын байсдзысты йæ гæххæттытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног закъонтæ
Категория:
Новости и СМИ