Галтæ - цæргæсты сыхæгтæ
Хъæууон хæдзарадыл иу æмæ дыууæ хатты нæ ныхас кодтам. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзырддаг дæр дзы бирæ ис. Зæрдæргъæвдæй чи фæллой кæны, уыдон рауайынц не рмæджыты хъайтартæ. Чи сæ фосы куыст кæны, чи зæххы. Æрæфы районы ма дарынц хъæддаг галты дæр. Уырдæм бафтыдысты куыстуат «Ираф-Агро»-йы фæрцы. Галты рæгъæуттæ хохы фæхстыл тезгъо кæнынц. Уырдæм абалц кодта не сфæлдыстадон къорд. Дзæуджыхъæуккæгтæм цымыдисаг цы фæкæсдзæн, уый ам дисы æппындæр никæй фтауы. Хъæддаг галтæ Ирыстоны фæзындысты 10 азы размæ. Уæдмæ Гæлиаты фылдæрæй фылдæр кодтой. Чи сæ дары, уыдон ма сæм иу уый бæрц, æнæмæнг, бафтаудзысты. Уæвгæ, сæ дарыны зынæй ницы ис. Уæлдайдæр та, фос куы фæцахуыр уа, уæд. Хъæддаг галтæ цæрынц æрмæстдæр хохы. Ам сын ис хуыздæр уавæртæ. Уазæлттæй æппындæр нæ тæрсынц, сæ бæзджын царм сæ хъарм дары. Хæрынц хохы цы кæрдæджытæ зайы, уыдон. Ома, æрдзон холлаг. Сæ дзидза æмæ се хсыр уый тыххæй сыгъдæг æмæ пайда у. Гетойты Владислав хъæддаг галты миниуджытæ хорз базыдта. Кусы хъомгæсæй. Алы райсом æрбацæуы, йæ бæхыл саргъ сæвæры æмæ галты фæдыл араст вæййы. Боны дæргъы сæм йе мбалимæ сæ хъус фæдарынц, цæмæй рæгъау ма адзæгъæл уа æмæ фос ма фесæфой. Афтæ суанг изæрмæ. Владислав куыд зæгъы, афтæмæй сæм хохы ноджы бæрзонддæр ран ис тулгæ хæдзар. Галтæ дард куы араст вæййынц, уæд хæдзар дæр æд цæрджытæ йæ бынатæй банкъуысы. Стæй та сæ фæстæмæ фосдарæн кæртмæ æртæрынц. Хивæнд чи у, ахæмтæ дæр дзы разыны. Хъомгæс Гетоты Владислав: «Бон, дыууæ боны, уæд сæ æрæмбырд кæнæм иу ранмæ, уырдыгмæ сæ æртæрæм. Дыууæ якы дзы ис æмæ сæ рæуæдтæ нырма къахæй цæуын нæ зонынц æмæ сын цыфæнды куы кæнай, уæддæй сæ не ртæрдзынæ, рæуæд йемæ куы нæ уа, уæд». Сæ гыццылæй нырмæ хъæддаг галтæ ацахуыр вæййынц хæххон уавæртыл. Тæссаг сын вæййы æрмæстдæр тугдзых сырдтæй, уæлдайдæр та бирæгътæй. Куы бабирæ уой, уæд фосы цæгъдыныл балæууынц. Фæлæ хъæддаг гал дæр ныхкъуырæг разыны, къорд йемæ куы уа, уæд. Бакæсгæйæ уæндон æмæ къæйных зынынц, фæлæ сæм куы февзидай, уæд тынг тæппуд сты. Ахæм хуымæтæг амæлтты руаджы хъомгæстæ мæй иу хатт бавналынц рæгъау нымайынмæ. Ацы хатт дзы ис 700 сæры. Цымыдисаг куыннæ у, фæлæ хъæддаг галтæ коммæгæс сты. Стæй ма цæй хъæддаг сты, кæд æмæ сабыргай фæхæдзарон кæнынц? Хорз у æви æвзæр, уый бæрæг нæу, фæлæ пайда кæй хæссынц хъæууон хæдзарадæн, уый – æнæмæнг. Хъомгæстæ сæхæдæг дæр афтæ зæгъынц. Хъæддаг галты дзидза бирæтæ зонгæ дæр нæма кæнынц, фæлæ йын æлхæнæг разыны. Стуры фыд та асламдæр у. Сæ фадæттæ куы фæуæрæхдæр уой, уæд сæ фæнды пайдайаг дзидза стыр горæттæм фæхæццæ кæнын. Стæй канд Мæскуы æмæ Петербург нæ, фæлæ ма фæсарæнтæм дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Галтæ - цæргæсты сыхæгтæ
Категория:
Новости и СМИ