Уарзондзинад сабитæм
Абон сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц скъолайы рагагъоммæйы ахуырады кусджытæ. Цы куыст кæнынц, уый у тынг ахъаз, уымæн æмæ сывæллæтты хъомылады бындур æвæрджытæ адон сты. Нæ дарддæры æрмæджы сæйраг хъайтар Любовь Донская йæ дæсныйады фæндагыл зæрдæмæ байхъусгæйæ æрлæууыд. Алы бон дæр йæ куыстмæ уайы мидбулхудгæ. Афтæ сæмбæлы сабитыл, алкæй дæр сæ нымайы йæхионыл. Куыд арвиты йæ бон дæнцæгæн хæссинаг сылгоймаг æмæ цæмæ бауарзта ацы дæсныйад, уый радзырдта нæ уацхæсджытæн дæр. Любовь Донская сывæллæтты кæй уарзы, уый дызæрдыккаг нæу. 60 азы рæвдауæндоны кусы хъомылгæнæгæй. Сывæллæттимæ у æнгом баст. Куыд зæгъы, афтæмæй семæ арвыста йæ царды фылдæр рæстæг. Азæй-азмæ сабитимæ æнæзынгæ бастдзинад кæны фидарæй-фидардæр. Рæвдауæндоны цард та у раст аргъауы хуызæн. Райсомæй - гимнастикæ, аходæн. Уый фæстæ сабиты истæуылты ахуыр кæныныл балæууынц. Сывæллæттæн амоны математикæ, уырыссаг æвзаг æмæ географи. Любовь Донская: «Сывæллæттимæ кусын мын зын нæу. Абоны онг сабитимæ дæн. Æз дæр сæ цардæй цæрын. Куыстæй 2 мæйы уæгъд куы вæййæм, уæд цыма цард бамынæг вæййы, афтæ мæм фæкæсы. Суанг мын ад дæр нал фæкæны. Уый тыххæй горæты хицауадæй курын, цæмæй мæ ныууадзой ацы куысты». Сывæллæттимæ йæ кусын рагæй фæндыд. Йæ сабибонтæй фæстæмæ. Уый ты уый тыххæй, æмæ хæдзары йæ фарсмæ хъомыл кодта 2 кæстæр æфсымæры. Йæ мадæн алкæддæр уыдис æххуысгæнæг. Скъола каст куы фæци, уæд йæ хъуыдыйыл йæхинымæры æппындæр дызæрдыг нал кодта. Къорд рæстæджы фæстæ кусын райдыдта рæвдауæндоны, уый фæстæ та - йæ разамонæгæй. Фæлæ уæддæр хъомылгæнæджы куыст у йæ уарзондæр. Фæстаг 14 азы Любовь Донская кусы 106-æм рæвдауæндоны. Сывæллæттæ ам бирæ ис: 1-аз кæуыл нæма цæуы, ахæмтæ æмæ скъолайы хæрз рагагъоммæйы къордтæ. Æдæппæтæй сты 6. Уыцы къордтæй иуæн разамонæг у йæхæдæг. Рæвдауæндоны хъæздыг у уарзондзинад æмæ кæрæдзийы `мбарынæй. Куыд хъомылгæнæгты, афтæ сывæллæтты `хсæн дæр. Психолог, логопед, хæринаггæнæг æмæ цалдæр хъомылгæнæджы. Алчидæр сæ куыстæй у разы. Семæ ма ныййарджытæ æмæ сæ сæргълæууæг дæр. 9 азы кусынц кæрæдзи æмбаргæйæ æмæ кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ. Любовь Донская куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæтты хъомыл кæнын йæ царды хæс у. Æнусы `рдæг ацы дæсныйадыл хæст у, æмæ йыл иу бон дæр нæ фæфæсмон кодта. Уый кæй зæгъын æй хъæуы, йæ зæрдæйы фæндон у. Уæрæхдæр куы райсæм, уæд та йæ хъысмæт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уарзондзинад сабитæм
Категория:
Новости и СМИ