Прокуратурæйы коллеги
Тæккæ уæззаудæр фыдракæндты нымæц ивгъуыд азимæ абаргæйæ фæбæрзонддæр 90%. Уый баст у, æнæзакъонæй наркотикон буаргъæдтæ уæй кæнынимæ цаутыл кæй бафтыд, уыимæ. Фæфылдæр ахæм фыдракæндтæ æргом кæныны нымæц дæр. Ахæм бæрæггæнæнтæ раргом кодта Цæгат Ирыстоны прокурор Владимир Векшин сæ куысты хаддзæгты коллегийы. Æмбырды ма архайдтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, парламенты сæрдар Алексей Мачнев æмæ Уæрæсейы генералон прокуроры хæдивæг Иван Сыдорук. Владимир Векшин куыд загъта, афтæмæй 2017 азы лæгмарджыты бæрц 67% фæкъаддæр, 75% фæфылдæр фыдракæндты гом кæныны хъуыддаг. Æрныхас кодтой куысты мыздæй хæстæ бафидыны тыххæй дæр. Куыстуæттæ сæ фæллойгæнджытæй фæхæсджын сты 70 милуан сомæй фылдæр. Цалдæр организацийы сты бынтон æвзæр уавæры. Иван Сыдорук куыд загъта, афтæмæй уыцы нымæц дзæвгар фылдæр уыдзæн, æмбæхст хæстæ куы рабæрæг уой, уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Прокуратурæйы коллеги
Категория:
Новости и СМИ