Ног азы бæрæгбоны агъоммæ судзинсыф хъæдтæм уæлдай цæстдард ис

Хæдтулгæты цæлхыты, бæлæстæ калыны æмæ фæткхалджыты фæдтæ нæ рабæрæг. Æмæ уый æппынæдзухы цæстдард æмæ хъæды хæдзарады инспекторты басгæрстыты руаджы. Рад хæссын райдайынц сæумæрайсом. Сæ фæдзæхсты цы бынат ис, ууыл æрзилынц æрвылбон. Зазтæ хъахъхъæныны операци райдыдта 15-æм ноябры. Хихджын ракалын дæ тынг куы бафæнда, уæддæр нæ рауайдзæн. Басгæрстыты балцвæдтæ снысан кæнынц рагацау. Æмæ афтæ суанг Ног азы бæрæгбоны онг. Заз бæлас хъæды чи акала, уый халы закъон. Стæй ивар дæр гыццыл нæу: 4 мин сомы онг. Юридикон бæрнондзинад кæмæ ис, уыдон та сæ дзыппытæ раафтид кæндзысты суанг 400 мин сомы дæр. Хицæн уавæрты, гæнæн ис, æмæ уголовон æгъдауæй дæр раттой дзуапп. Хъæды уылты цы хæдтулгæ цæуы, уый дæр хъуамæ басгарой. Хъæдгæсады кусджыты 'рдыгæй уавæрмæ æппынæдзух цæстдард ис. Ныртæккæ фæткхæлдтæ, специалисты ныхасмæ гæсгæ, нæй. Сæйраг нысан – хихджынтæ бахъахъхъæнын, уыдонимӕ та – æрдз дӕр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
25 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии