Цæгат Ирыстон хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстон хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæны. Ныридæгæн уал куыстытæн баххæст кодтой сæ 60%. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран. Профилон минстрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй хæтæлтæ 80% цæттæ сты. Тамайты Майран куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæ кæныны сæрмагонд пъланмæ гæсгæ. Æдæппæтæй ацы хъуыддагæн æхцайы фæрæзтæ радих кодтой 405 милуан сомы. Уыдонæй 62 милуан сомы бахардз кæндзысты цæрæнуæтты хæдзарадыл, 342 милуан сомы та коммуналон хæдзарадыл. «Ацы фæрæзтæ сты коммуналон комплексы организациты, разамынддæттæг компаниты, хи хæдзæртты æмбаладты, цæрæнуæтты-арæзтадон кооперативты æмæ бынæттон хицауады», - зæгъы Тамайты Майран. Уыимæ ныридæгæн уый бæрц æхцайы фæрæзтæй спайда кодтой сæ 49%-æй. Афтæ та, Дзæуджыхъæуы 410 бирæфатерон хæдзæртты куыстытæ кæронмæ фесты. Уый ты у 43 % æдæппæттæй мадзæлттæй. Цалцæггæнæн æмæ профилактикон куыстытæ та сарæзтой 36 хъармгæнæны æмæ 12 дондзæуæны. Базылдысты 56 км дæргъæн хъармгæнæн хæтæлтæм. Уæдæ нæ ныууагътой дондзæуæн æмæ канализацион хæтæлтæ дæр. Уыцы куыстытыл бахардз кодтой 170 милуан сомы. Районтæм гæсгæ фылдæр цæттæ сты Рахизфарсы æмæ Горæтгæроны районтæ. Дзæвгар куыстытæ ма æнхъæлмæ кæсынц ДыгУры æмæ Алагиры районты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстон хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæны

Категория:

Новости и СМИ