Цæгат Ирыстоны парахат кæнынц электрон хуызы чингуытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Чингуыты рауагъдадтæ архайынц чиныджы кад ноджы фæбæрзонддæр кæныныл. Аразынц алыхуызон армукъатæ, æркастытæ, форумтæ. Кусынц æрыгон автортимæ дæр. Æмдзу кæнынц рæстæгимæ, уымæ гæсгæ тагъд интернеты тыгъдады фæзындзысты нымæцон хуызы чингуытæ дæр. Рауагъдад «Ир» ныр æнусмæ хæстæг ирон дзырды фарн цырагъау хъахъхъæны. Ныртæккæ йæ къæбиц хъæздыг у чингуыты 400 хуызæй. Ссарæн дзы ис куыд адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстады ирд хæзнатæ, афтæ нырыккон авторты уацмысты æмбырдгæндтæ. Фыст сты алывæрсыг темæтыл. Чингуытæй сæдæйы онг сты æрыгæттæ æмæ сывæллæттæн фыст уацмысты æмбырдгæндтæ. Сты хъуыдыйæ мидисджын æмæ уындæй хуызджын. Æмгуыст кæнынц Хуссар Ирыстоны рауагъдадтимæ дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ æрыгæттæ фылдæр сæхи фæлварынц поэзийы. Рауагъдад «Ир»-ы кусджытæ рæстæгимæ æмдзу кæнынц. Сæ сæрмагонд сайты тагъд рæстæг фæзындзысты электрон чингуытæ дæр. Нæ рауагъдадтæ æнтысджынæй архайынц алыхуызон армукъаты, æркастыты, форумты. Уым сын сæ куыстæн стыр аргъ скæнынц. Сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ куыд зæгъы, афтæмæй, ахæм мадзæлтты руаджы сбæрæг вæййы фæсивæдæн, сывæллæтæн чиныг зынаргъ кæй у, уый. Тæрхæджытæм кæсгæйæ сæ цæстытæ цæхæртæ скалынц. Уымæ гæсгæ журнал æнтыстджынæй кусы æрыгон ирон дзырдаив дæснытимæ. Сæ зæрдæйы монцтæ сын арæх фенæн ис журналы. Уыдон дæр хорзырдæм ахадынц чиныгкæсджыты нымæц фылдæр кæныныл. Рауагъдадты бæркæдджын куыстимæ базонгæ стæм, уæдæ нæм æрыгон фыссджытæ дæр кæй ис, уый бæлвырд у. Æппæт уыцы хæрзтæ нæ горæты цæрджытæн чиныг уæлдай тынгдæр бауарзын кодтой, æви,нæ? Дзуапп фехъусынвæнд скодтам нæ горæты цæрджытæй. Æрыгон ирон аив дзырды дæсны Гасанты Валерий дæр йæ цард сбаста литерæтурæимæ, фыссы уацтæ. Газет «Рæстдзинад»-ы кусгæйæ сæ мыхуыр кæны газетты, йæ зæрдæйы монцтæ æргомгæнгæйæ аив рæнхъытæй нывæнды æмдзæвгæтæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ уæлдай æргом здæхт цæуы электрон хуызы чингуытæм. Уыцы хъуыддагмæ дæр фæсивæд йæхи æвæрæн хæссы. Интернеты тыгъдады фæзынд ахæм хызæгтæ, ирон æвзагыл фыст чингуытæ электрон хуызы æнцонæй ссарæн кæм ис. Дзырдæн зæгъæм, Вячеслав Иванов. Ныридæгæн Интернеты тыгъдады Вячеслав сарæзта цалдæр сайты, уыдонæн сæ фыццаг у «Ирон википеди». Чиныг - зонды суадон. Хорз чиныг та æнæмæнг суыдзæн чингуыты тæрхæгæн йæ фидыц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv