Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой цæстфæлдахæджы
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой цæстфæлдахæджы. Уый разынд 21 аздзыд Самарæйы цæрæг. Нæлгоймаг Цæгат Ирыстоны цæрджытæм дзырдта. Йæхи-иу схуыдта банчы кусæг. Системæ, дам, къуылымпыдзинæдтимæ кусы. Афтæмæй иу картæты хицæуттæн æмбарын кодта, цæмæй сæ æхцайы фæрæзтæ ма фесæфой, уый тыххæй сæ банчы номырмæ æрвитын кæй хъæуы. Уыцы номыр та уыд мæнг. Цæстфæлдахæг йæ амæттагмæ куыд дзырдта, афтæмæй йæ цæгатирыстойнаг пъæлицæйæгтæ æрцахстой. Фæстæдæр æй фæхæццæ кодтой Дзæуджыхъæумæ. Æдæппæтæй нæлгоймаг бафхæрдта 3 адæймаджы. Зиан сын æрхаста 15 мин сомы бæрц. Ныртæккæ нæлгоймаджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Гæнæн ис æмæ ахæстоны фæбада. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой цæстфæлдахæджы
Категория:
Новости и СМИ