Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд медицинон куыстуæтты разамонджытимæ
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд медицинон куыстуæтты разамонджытимæ
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд медицинон куыстуæтты разамонджытимæ. Æмбырды архайджытæ ныхас кодтой къабазы финансон-хæдзарадон фарстатыл. Дзуапдæттæг министр Тебиаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, хæстимæ медицинон организациты уавæр фæхуыздæр кæны. Министр бахаста ведомствоты 'хсæн кусæг къорд саразыны фæндон. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæ куысты руаджы, хæсты бæрц ноджы фæкъаддæр уыдзæн. Кредиттæ афойнадыл фидыны тыххæй раздæр дзырдта Сергей Меняйло дæр.