Цæгат Ирыстоны кусынц хъæууон-хæдзарады кусджытæн æххуысы центртæ
Цавæр хоры мыггаг ныссадзын хъæуы? Цавæр техникæ у хуыздæр? Уыимæ цавæр программæйы хъæуы бацархайын? Хъæууон хæдзарады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы фермертæн уый тыххæй радзурдзысты сæрмагонд æххуысы центрты. Сты республикæйы алы районты. Фæзындысты «Фермертæн æххуыс æмæ хъæууон кооперацийы рæзт»-ы федералон проекты фæлгæты. Куыд кусынц, уый тыххæй дарддæр ме `мкусджыты æрмæджы. Йæ чысыл фермæ Тлаттаты Аслæнбег байгом кодта 6 азы размæ. Уæд бацархайдта паддзахадон программæйы æмæ райста хъæугæ æххуыс. Гранты фæрцы 500 мин сомæй самал кодта стурвосы 15 сæры. Сындæггай йæ фермæ рапарахат. Стуры нымæц дыууæ хатты фæфылдæр. УУыл Аслæнбег æрлæууынмæ нæ хъавы. Куыд зæгъы афтæмæй фæллойгæнгæйæ сæйрагдæр у дæ куыст уарзын. Фермер ацы аз йæ зæрдæ дары паддзадон æххуыс райсыныл. Уый фæдыл бацæудзæн районы хъæууон-хæдзарады управленимæ. Фермертæн æххуыс чи кæны уыцы центрмæ æрвылбон æрбацæуынц Горæтгæрон районы цæрджытæ. Специалисттæ æмбарын кæнынц алыхуызон программæты архайыны фæтк. Фарстатыл бакусынц афойнадыл. Фарон паддзахадон программæтæ сæххæст кæнынæн рахай кодтой 380 милуан сомы. Хъæууон-хæдзарады кусджытæн æххуысы центртæ фæзындысты фарон. Специалисттæ хъуыдымæ гæсгæ фермертæн у удæнцой. Ам æххуыс кæнынц суанг хоры мыггаг æмæ кусынæн хуыздæр кусæнгарз равзарын. Уртаты Юрийы ныхæстæм гæсгæ æрвылаз фæзынынц ног минералон хъацæнтæ æмæ хи бахъахъхъæныны фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ фермертæн сæ хæдзарадты сæ бон у пайда кæнын нырыккон технологитæй. Хæдзарадты нымæц Цæгат Ирыстоны рæзы. Уый тыххæй зæгъынц профилон министрады дæр. Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарады управленийы директоры ныхæстæм гæсгæ районты цæрджытæн æххуысы центры дуæрттæ кæд фæнды дæр сты гом. Агропромышленнон комплексимæ баст фарстатæн адæмæн райсæн ис дзуапп æмæ консультаци. Æмалхъом адæмæн æххуыс райсыны сæрмагонд центртæ ис республикæйы алы районы дæр. Адæмы курдиæттимæ кусынц райсомы 9 сахатæй изæры 6 сахатмæ. Бæлвырддæр информациимæ базонæн ис Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарад æмæ хойраджы министрады официалон сайты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны кусынц хъæууон-хæдзарады кусджытæн æххуысы центртæ
Категория:
Новости и СМИ