Адæмон фронты уæнгтæ ног ахуыры азы райдиан æрмæст скъолатæ нæ бæрæг кæнынц

Ныртæккæ ам адæм бирæгæйттæй нӕ ӕмбӕлынц, фæлæ тагъд рæстæджы Æрыдоны 4-æм скъолайы раз фæндаджы сæрты скъоладзаутæ цырд  уайдзысты уроктæм. Æмбæлгæ нысæнттæ "Фистæгдзæуджыты ахизæн" æмæ "Арæхсгæ, сывæллæттæ" æвæрд сты, хæдтулгæтæ æвæрæн бынæтты дæр амонæнтæ фенæн ис. Фæлæ фæндагыл бæрæггæнæнтæ хорз нал зынынц, сæ хуыз сивта. Светофор дæр нæ кусы. Ахæм уавæры ис, Сывæллæтты 1-æм рæвдауæндоны цур цы светофор ис, уый дæр. Фистæгдзæуджытӕе ис дыууæ ахизæны, фæлæ сыл æмбæлгæ бæрæггæнæнтæ нæй. Ам та кæд асфальт ног æвæрд у, уæддæр дзы нысæнттæ сæвæрын ферох кодтой. Æппæт фæткхæлдтытæ дæр нысан кæнынц Адæмон фронты активисттæ æмæ прокуратурæйы кусджытæ. Ленины номыл æмæ Æгъуызары фырты уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым бирæ адæм змæлы. Хæдтулгæйыл цæугæйæ сæ хъæуы дзыххъыты иувæрсты хизын, уый та арæх расайы фыдбылызмæ. Ханайты Таймураз дзыхъытæй иуы ныхауд æмæ йæ машинæ æрцавта. Æрыгон нæлгомаг куыд зæгъы, афтæмæй фæндаггон фыдбылыз æрцыд уалдзæджы, фæлæ ныр дæр хъуыддаг нæмæ ахицӕн. Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары цур сæвæрдтой ног асфальт, фæлæ дзы "зебра"- та нæй. Фæндаджы сæрты æдасæй ахизын зын уыдзӕн, фæлæ адæмæн æндæр гæнæн нæй. Æппæт аиппытæ дæр фæнысан кодтой районы прокуратурæйы æмæ Адæмон форонты уæнгтæ. Æппæт хъæндзинæдтæ аиуарс кæнын хъæуы ног ахуры азы райдианмæ. Активисттæ уый фæдыл сæ фиппаинæгтæ районты администрациты разамонджытæн зæгъдзысты. Прокуратурæйы кусджытимæ иумæ активисттæ ацы æркаст сарæзтой прект "Дорога в школу"-йы фæлгæты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 497 подписчиков
12+
25 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии