Аккаг аргъ
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Театры Бон. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ парламенты сæрдар Алексей Мачнев арфæйы ныхæстæ ракодтой нæ республикæйы театрты кусджытæн сæ професионалон бæрæгбоны фыдыл. Хуыздæртæн бæрнон кусджытæ саккаг кодтой кадджын хæрзиуджытæ. Афтæмæй, нæ республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артисты ном хæсдзæн Ирон театры артисттæ Битарты Алыксандр æмæ Хæмыхъоты Дзембаты. Республикæйы сгуыхт артисты ном радтой хæлардзинады хæдзары методист Хъæбæлоты Русланæн. Æдæппæтæй республикæйы сгуыхт артисты нæмттæй схорзæхджын кодтой 8 адæймаджы. Уыдон сты уырыссаг æмæ ирон театры артисттæ. 9 адæймагæе та радтой кады гæххæтытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аккаг аргъ
Категория:
Новости и СМИ