Цардыл тох кæнгæйæ
Елхоты цæрæг Моргуаты Зæлинæйæн йе `нæниздзинад у хъыгдард. Бирæ азты сылгоймаг тох кæны низты уаргъимæ. Фæлæ йæм æххуыс никуыцæй кæсы, иунæгæй та йæ рынты ныхмæ лæууын йæ бон нал у. Уæдæ йæм æхца дæр æппæт уыцы хæрдзтæн фаг нæй. Йæ пенси ма кæцырдæм иваза, уый йæ сæр нал ахсы. Не сфæлдыстадон къорд араст ис Елхотмæ æмæ базыдта, куыд ис рынчын сылгоймаджы уыцы уавæрæй фервæзын кæнæн. Ныр бирæ азты МорГуаты Залинæ тох кæны йæ низтимæ. Фагæй йын фылдæр сты. Лимфостаз, тромбофлебит, коксартроз, ссардтой ма йæм рæсыд дæр. 5 азы размæ йын йæ рæуджытæй систой тугæй къæрмæг, йæ масты дзæкъул ын ралыг кодтой, дыууæ хатты та къуыллауты тыххæй уыд рынчындоны. Дзæбæх кæнынæн квотæ райсыны курдиатимæ бахатыд Беслæны медицинон центрмæ. Уым ын загътой, æрмæстдæр æй æвæстиат уавæры кæй райсдзысты. Йæхи хардзтæй йæхи сдзæбæх кæныны фадат Зæлинæйæн нæй. Йæ пенси 8100 сомы йедтæмæ нæу. Фиды ма кредит дæр. Афтæмæй йæ пенсийæ аззайы æрмæст 6900 сомы. Æппæты асламдæр хостæ дæр уымæн фелхæны. Уæдæ коммуналон лæггæдтæн та йæ пенсийы фылдæр хай бафиды. Зæлинæ йæ зæрдæ дардта, хостæ йын кæй феххуыс уыдзысты. Фæлæ йæ низтæй иутимæ тох чи кæны, уыцы хостæ æвзæрмæ ахадынц иннæ низтыл. Моргуаты Зæлинæ: «Операци скæнын мæ бон нæу, уымæн æмæ дохтыртæ сæхæдæг дæр фæтæрсынц, гæххæттытæ куы фенынц, уæд. Загътой мын, банхъæлмæ кæсæм, кæд рæсыд фæкъаддæр уаид. Фæлæ мæ бæрæггæнæнтæ æвзæрдæр йеддæмæ хуыздæр нæ кæнынц. Анализтæй дæр æй раиртасынц. Алы 6 мæйы дæр сæ дæттын. Тæрсгæ дæр куыд нæ кæнын уæдæ». Æрвылбоны хæдзары куыстытæ кæнын Моргуаты Зæлинæйæн зын у. Цæры йе `фсымæримæ. Уымæн дæр йе `нæниздзинад сæ хуыздæртæй нæу. Чысыл æнцондæр сын сæ уавæр фæкæны сæ цæхæрадон. Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, гыццыл цыдæртæ æрзайын кæны. Фæлæ бирæ кусын уым дæр йæ бон нæу. Арæх ын афтекмæ дæр йæ сыхæгтæ ацæуынц. Уæдæ Моргуатæ цы хæдзары цæрынц, уый дæр заууатмæ `рцыд. Къултæ æмæ цар згъæлынц. Электрон тыхдæттæг телтæ кæд ивтой, уый бæрæг дæр нал у. Зæлинæ æххуыс бынæттон хицауадæй дæр нæ куырдта. Социалон хъахъхъæнынады управлени Моргуаты Зæлинæйæн сарæзта льготæтæ. Фæлæ уыдон исгæйæ, йæ пенси кодта къаддæр. Уымæ гæсгæ дыууæ азы размæ льготæтыл йæ зæрдæ сивта. Цæрджытæн социалон лæггæдты комплексон центрмæ дæр Зæлинæ нæ бахатыд. Афтæмæй та, гæнæн ис, æмæ йын уым баххуыс кæниккой. Зæлинæйы хъæуы æрмæстдæр курдиат бадæттын. Дарддæр æппæт гæххæттытæ сæхæдæг скæндзысты. Кировы районы социалон лæггæдты комплексон центры директор Чеджемты Рузанæ: «Мах цæттæ стæм, Зæлинæйæн дыууæ хуызы социалон æххуыс радтынмæ. Кæцы дзы равзара, уымæ гæсгæ йæм фæкæсдзыстæм – кæнæ стационарон æххуыс, кæнæ та хæдзары йе `нæниздзинад куыд уа, уымæ гæсгæ». Раст зæгъгæйæ, Зæлинæйæн вазыгджындæр у медицинон æххуыс райсын. Тынг æй фæнды рынчындонмæ. Иунæгæй йæ низтимæ тох кæнын йæ бон нал у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цардыл тох кæнгæйæ
Категория:
Новости и СМИ