Сергей Меняйло арфæ ракодта социалон кусæджы бæрæгбоны
Сергей Меняйло арфæ ракодта социалон кусæджы бæрæгбоны
Бахъуаджы сахат балæууынц адæймаджы фарсмæ. Абон у социалон кусæджы бон. Сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл сын арфæ ракодта Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы къабазы чи кусы, уыдоны фæллойæн уæлдай аргъ кæнын хъæуы. Ам, æнæмæнг, кусы зæрдæхæлар æмæ, искæй рис кæмæ хъары, ахæм адæймæгтæ. Алкæддæр балæуут æххуысцух æмæ, баузæлын кæуыл хъæуы, уыцы адæмы цур. Арæх вæййынц карджын адæм, фæкæсын кæмæ хъæуы, уыцы бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ, æнæ ныййарджытæй чи баззад, ахæм сабитæ. Уыдонæн уæ лæггад æвдадзы хос у. Алкæйы зæрдæмæ дæр ссарут фæндаг, нæ бавгъау кæнут уæ хъару æмæ зæрдæйы хъарм. Уæ куыст уæ домы стыр дæсныдзинад, хъæддых удыхъæд æмæ цæттæдзинад. Ныртæккæ нæ бæстæ йæ пайдавӕнд хъахъхъæны тохы быдыры. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн, сæ бинонтæн уе 'ххуыс, æнæмæнг, ахсджиаг у æмæ хъæугæ. Сымах сæ фарсмæ стут. Цыфæнды афон дæр цæттæ вæййут хъуыддагæй, ныхасæй, зæрдæйы узæлдæй баххуыс кæнынмæ, нæ райсом райдзаст кæй уыдзæн, уымæй ныфс бауадзут. Цæгат Ирыстоны социалон къабазы кусджытæ! Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл! Ацы къабазы чи кусы, уыдоны фæллойæн уæлдай аргъ кæнын хъæуы. Ам, æнæмæнг, кусы зæрдæхæлар æмæ, искæй рис кæмæ хъары, ахæм адæймæгтæ. Алкæддæр балæуут æххуысцух æмæ, баузæлын кæуыл хъæуы, уыцы адæмы цур. Арæх вæййынц карджын адæм, фæкæсын кæмæ хъæуы, уыцы бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ, æнæ ныййарджытæй чи баззад, ахæм сабитæ. Уыдонæн уæ лæггад æвдадзы хос у. Алкæйы зæрдæмæ дæр ссарут фæндаг, нæ бавгъау кæнут уæ хъару æмæ зæрдæйы хъарм. Уæ куыст уæ домы стыр дæсныдзинад, хъæддых удыхъæд æмæ цæттæдзинад. Ныртæккæ нæ бæстæ йæ пайдавӕнд хъахъхъæны тохы быдыры. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн, сæ бинонтæн уе 'ххуыс, æнæмæнг, ахсджиаг у æмæ хъæугæ. Сымах сæ фарсмæ стут. Цыфæнды афон дæр цæттæ вæййут хъуыддагæй, ныхасæй, зæрдæйы узæлдæй баххуыс кæнынмæ, нæ райсом райдзаст кæй уыдзæн, уымæй ныфс бауадзут.