«Альбус»-ы юбилей
Интеллектуалон клуб «Альбус» сбæрæг кодта йæ юбилей. 20 азмæ хуымæтæг чысыл къордæй сси æнæхъæн интеллектуалон змæлд. Йæ разамонæг Бориты Жаннæ. Бæрæгбоны фæдыл арæзт æрцыд клубы ветеранты хсæн хъазт. Тох кодтой сæрмагонд кубокыл. Хъазты архайдта æртæ фæлтæрдджын командæйы: «Правый берег», «Ура!» æмæ «Примус». Брейн-рингы йæ арæхстдзинæдтæ равдыста национ ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан дæр. Кадджын мадзал байгом кодта республикæйы сæргълæууæджы администрацийы разамонæг Челохсаты Рустем. Клубы архайджытæн раарфæ кодтой республикæйы парламенты депутаттæ дæр. Альбусы архайджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ацы интеллектуалон клуб сæ царды ахсы ахсджиалг бынат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Альбус»-ы юбилей
Категория:
Новости и СМИ