Хуссар Ирыстоны президент фембæлд «Иры Стыр Ныхасы» сæрдаримæ
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд Æппæтдунеон æхæснадон змæлд «Иры Стыр Ныхасы» сæрдар Кучиты Русланимæ. Æмбырды ма архайдтой Хуссар Ирыстоны Стыр Ныхасы минæвæрттæ дæр. Йæ разамонæг Гаглойты Руслан, афтæмæй. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ Æхсæнадон змæлдæн, куыд Цæгаты, афтæ Хуссарварс дæр ис иумæйаг хæс - æмгуыстадыл бакусын. Уымæй сын цæттæ сты баххуыс кæнын Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ йæхæдæг. Иры Стыр Ныхасы архайд, цы фарстатыл кусынц, уый хъуамæ бæрæг дара адæмы `хсæн. Кучиты Руслан уыцы хъуыдыимæ сразы ис. Куыд бафиппайдта, афтæмæй цæмæй Ирон адæм фидæнмæ рæстдзæвинæй кæсой, уый тыххæй æнæмæнг хъæуы иумæ архайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны президент фембæлд «Иры Стыр Ныхасы» сæрдаримæ
Категория:
Новости и СМИ